Хуссар Иры фӕцис хъӕлӕскӕнынад президенты ӕвзӕрстыты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ
Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фӕцис хъӕлӕскӕнынад президенты ӕвзӕрстыты. 20.00 сахатыл сӕхгӕдтой ӕвзарӕн фадгуытӕ. Ныр та райдыдтой нымайын ӕвзарджыты хъӕлӕстӕ.
Хъӕлӕскӕнынад райдыдта 8.00 сахатыл. Ӕмбӕстӕгтӕ цыдысты схъӕлӕс кӕнынмӕ ӕвзарӕн фадгуыты баконды фыццаг минуттӕй. Боны фондз сахатмӕ ЦӔК фехъусын кодта, ӕвзӕрстытӕ нымад кӕй ӕрцыдысты. 19.00 сахатмӕ, ӕвзӕрстыты схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 70 процентӕй фылдӕр.
"Абон Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц президентон ӕвзӕрстытӕ. Ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзарджытӕ зӕрдиагӕй цӕуынц хъӕлӕс кӕнынмӕ", - загъта Sputnik эксперт ӕмӕ журналист Плиты Инал.
Уый банысан кодта, цӕстарджытӕ сӕ куырдиӕтты кӕй бахахх кодтой президенты ӕвзӕрстыты организацийы бӕрзонд ӕмвӕзад.
Хъӕлӕскӕнынады хатдзӕгты фӕдыл фыццаг информаци фӕзындзӕн ӕмбисӕхсӕвмӕ ӕввахс.
Ног хабӕртты лентӕ
0