Президенты ӕвзӕрстыты фальсификацийы фадӕттӕ сты минималон – уӕрӕсейаг сенатор

© Sputnik / Наталья АйриянСергей Цеков
Сергей Цеков - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстытӕ цӕуынц ӕвзарӕн законады фӕтктӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, фехъусын кодта уӕрӕсейаг цӕстдарӕг, Федерацийы советы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг Сергей Цеков.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый коллегӕтимӕ уыд дӕсӕй фылдӕр фадыгыл, фӕлӕ иуы дӕр цӕстдарджытӕ не сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ.
"Хъӕлӕскӕнынад цӕуы хорз ӕмвӕзадыл, ӕвзарӕн законад ӕххӕст цӕуы, уымӕ гӕсгӕ кусынц ӕвзарӕн къамистӕ иууылдӕр. Фехӕлдтӕ дзы нӕй", - загъта сенатор.
Уый бахахх кодта, ӕвзӕрстыты фальсификациты фадӕттӕ сты минималон.
Мӕскуыйы схъӕлӕс кодтой 210 адӕймаджы Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Мӕскуыйы схъӕлӕс кодтой 210 адӕймаджы Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты
"Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, паспортты хъӕлӕс кӕныны фӕдыл нысан кӕй ӕвӕрынц, уый минимуммӕ ӕркӕны фальсификацийы фадат. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы хицӕн цаутӕ уа, фӕлӕ дзы массонӕй нӕ уыдзӕн", - загъта Сергей Цеков.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, цӕстдарджытӕ нывӕндынц бабӕрӕг кӕнын ӕвзарӕн фадгуытӕ сӕ сӕхгӕды фӕстӕ, цӕмӕй феной, куыд нымайынц хъӕлӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0