ЦӔК: æвзæрстытæ нымад æрцыдысты

© Sputnik / Мария ТедееваЦентралон ӕвзарӕн къамисы хистӕр Гӕджиты Эмилия.
Централон ӕвзарӕн къамисы хистӕр Гӕджиты Эмилия. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты ӕмбисӕй фылдӕр, фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы хистӕр Гӕджиты Эмилия.
16:00 сахатмӕ иумӕйаг сисгӕйӕ схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 59,9 проценты - 17 652 адӕймаджы.

"Райзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын - ӕвзӕрстытӕ ацыдысты. Ӕвзарджыты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нымӕц бацыд хъӕлӕс кӕнынмӕ", - загъта Гӕджиты Эмилия.

Хуссар Ирыстоны горæтты æмæ районты хъæлæс кæныны бæрæггæнæнтæ

Горæт Цхинвал – 56,64 проценты
Цхинвалы район – 65,77 проценты
Знауыры район – 68,25 проценты
Дзауы район – 66,89 проценты
Горæт Къуаиса – 55,92 проценты
Ленингоры район – 64,11 проценты
Цæгат Ирыстоны дыууæ фадыджы иумæ схъæлæс кодтой æртæ минмæ æввахс адæймаджы, Мæскуыйы - 300, Сухумы -19.
Ног хабӕртты лентӕ
0