Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 16 хорзӕхы ерысты Мӕскуыйы

© Из архива Е. ТерлеевойХуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 16 хорзӕхы ерысты Мӕскуыйы
Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 16 хорзӕхы ерысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвайлаг спортсментӕ рамбылдтой 16 майданы ленк кӕнынӕй ерысты "Mad Wave Classic"-ы, фехъусын кодта Sputnik ленк кӕныны тренер Евгения Терлеева.
Ерыстӕ цыдысты 9-10 апрелы Доны стадион "Динамо"-йы Мӕскуыйы. Хайад дзы райстой 976 спортсмены, Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъӕдтой 30 адӕймаджы.
"Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, фыццаг бынӕттӕ дыууӕ дистанцийыл бацахста Уалыты Даяна, дыккаг бынӕттӕ – Лалыты Арсен, Уалыты Тамила, Тасойты Арсен ӕмӕ Уалыты Даяна. Кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ схызтысты – Уалыты Александра, Лалыты Асрен, Зассеты Марат ӕмӕ Уалыты Тамила", - загъта тренер.
Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой Евгения Терлеева, Тъотъоты Хасан ӕмӕ Плиты Ацӕмӕзы къухдариуӕгады бын.
© Из архива Е.Терлеевой.Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 16 хорзӕхы ерысты Мӕскуыйы
Пловцы из Южной Осетии завоевали 16 наград на соревнованиях в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 16 хорзӕхы ерысты Мӕскуыйы
"Ралӕудты фӕстиуджытӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты, фӕлӕ нӕ бон фылдӕр уыд саразын. Ныр хъӕуы, цӕмӕй сывӕллӕттӕ раст хатдзӕгтӕ скӕной", - загъта уый.
Уый размӕ Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ хайад райстой ерысты, кӕцытӕ нывонд уыдысты Казахстаны сгуыхт тренер Александр Клюкины мысӕнӕн. Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, цхинвайлаг спортсменкӕ Уалыты Валерия рамбылдта дыууӕ ӕвзист майданы.
Ног хабӕртты лентӕ
0