Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты фыццаг туры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ӕмбулы Гаглойты Алан

© Sputnik / Natalia AiriyanПрезидентон ӕвзӕрстытӕ 2022
Президентон ӕвзӕрстытӕ 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрсты дыккаг турмӕ ахызтысты бӕстӕйы архайгӕ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Гаглойты Алан, фехъусын кодта ЦӔК сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия.
ЦӔК развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фыццаг туры фӕстиуджытӕ ӕвдисынц, Гаглойты Алан кӕй ӕмбулы ӕвзарджыты хъӕлӕсты 36,9 процентимӕ. Бибылты Анатолий систа хъӕлӕсты 33,5 проценты.
Гӕджиты Эмилия фехъусын кодта, ӕвзӕрстыты хайад кӕй райстой 28 976 адӕймаджы, уый та у ӕвзарджыты 74,26 проценты.
Ӕвзарджыты хъӕлӕстӕ адихтӕ сты афтӕ:
Бибылты Анатолий - 9 706 (33,5 %)
Гаглойты Алан - 10 705 (36,9 %)
Мулдарты Гарри - 2 592 (8,9 %)
Плиты Александр - 3 434 (11,9 %)
Тасойты Дмитрий - 822 (2,8 %)
Алкӕцы кандидаты ныхмӕ дӕр схъӕлӕс кодта 528 адӕймаджы, уый та у ӕвзарджыты 1,8 проценты.
Гӕджиты Эмилия ма банысан кодта, зӕгъгӕ, кандидаттӕй иу дӕр ӕвзарджыты хъӕлӕсты ӕмбис кӕй нӕ райста, уымӕ гӕсгӕ ацӕудзӕн дыккаг тур.
"Централон ӕвзарӕн къамис нысан кӕны тыккаг тур фылдӕр хъӕлӕстӕ сисӕг дыууӕ кандидаты хсӕн. Уый хъуамӕ дыууӕ къуырийӕ фӕстӕдӕр ма ацӕуа ӕвзӕрстыты иумӕйаг фӕстиуджытӕ сфидар кӕныны фӕстӕ", - загъта Гӕджиты Эмилия.
Бӕстӕйы уӕлдӕр бынатмӕ тырныдтой фондз кандидаты - Бибылты Анатолий, Гаглойты Алан, Мулдарты Гарри, Плиты Александр ӕмӕ Тасойты Дмитрий.
Ног хабӕртты лентӕ
0