Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ тох кӕнынц хус кӕрдӕджы ссыгъдимӕ Дменисы

© Sputnik / Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры зынгфӕдисонтӕ тох кӕнынц хус кӕрдӕджы ссыгъдимӕ Дменисы
Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ тох кӕнынц хус кӕрдӕджы ссыгъдимӕ Дменисы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы ссыгъд хус кӕрдӕг, уый ахуыссын кӕнынмӕ атындзыдта зынгфӕдисонты иу къорд, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.
"Судзы кӕрдӕг Дменисы арӕнгӕрон районы. Зынгсирвӕзты аххосаг нырма бӕрӕг нӕу", - загътой УУМ.
Афӕдзы хъарм афонты республикӕйы сарӕх вӕййынц зынгсирвӕзттӕ, сӕ фылдӕры аххосаг свӕййы адӕймагон фактор. Хуссар Иры УУМ сидынц цӕрджытӕм бӕрнондӕр ахаст дарын алфамблай дунемӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнын зынгсирвӕзтон ӕдасдзинады нормӕтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0