Турманты Фатимæ: радиойы хъæуы креативондзинад

Турманты Фатимæ: радиойы хъæуы креативондзинад
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "Ир" 11 апрелы нысан кæны 90-азон юбилей. Уый фæдыл радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн комментари радта радио "Ир"-ы амонӕг Турманты Фатимӕ.
Радиоамонæг радзырдта, радио кæй у адæмы монон культурæйы райрæзт æмæ рухстауæг мадзæлттæй иу, у дзыллон информацион фæрæз, æмæ йын ис йæхи фарстытæ, кæцытӕ хъæуы скъуыддзаг кæнын.
"Агурæм алыхуызон фадгуытæ, цæмæй нæ алæвæрдтæ уой цымыдисон. Фыццаджыдæр, мах хъæуы креативондзинад", - банысан кодта Турманты Фатимӕ.
Турманты Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, иронау кæсынц ног хабæрттæ, амонæн алæвæрдтæ, афтæ ма музыкалон контент дæр у ирон. Эфиры æрмæст ирон музыкæ уадзын раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ уырыссаг, афтæ ма фæсарæйнаг музыкæмæ дæр уарзынц хъусын радиомæхъусджытæ.
Бæстондӕрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры, 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0