Дзудцаты Тамерлан: спектакль "Къоста"-йы равдыст Санкт-Петербурджы уыд символикон

Дзудцаты Тамерлан: спектакль «Къоста»-йы равдыст Санкт-Петербурджы уыд символикон
Рафыссын
Санкт-Петербурджы ацыд æхсæнадæмон фестиваль "Встречи в России". Хайад дзы райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр дӕр. Театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Петербурджы равдыстой спектакль "Къоста", йӕ ӕвӕрӕг режиссер у Роман Габриа.
"Ацы спектаклы равдыст уыд символикон, раст цыма Къоста Петербургмӕ ногӕй ныццыд, афтӕ. Уӕлдай дӕр та уый, ӕмӕ сценаримӕ гӕсгӕ архайд цӕуы, Къоста Петербурджы рынчындоны куы уыд, уӕд", - банысан кодта Тамерлан.
Авивадон къухдариуӕг ма куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ равдыстмӕ ӕрбацыдысты ӕрмӕст Петербурджы цӕрӕг ирӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма театралон критиктӕ дӕр. Уыдон банысан кодтой спектаклы бӕрзонд ӕмвӕзад.
"Актертӕ тынг хорз ахъазыдысты, спектакль ацыд иу улӕфтыл. Роман Габриа йӕхӕг дӕр уым уыд, уый равдысты агъоммӕ чысыл акуыста актертимӕ, цӕмӕй ӕнахуыр сценӕйыл сӕхи ныфсджындӕр хатой", - загъта режиссер.
Дзудцаты Тамерлан бузныджы ныхӕстӕ загъта фестивалы организатортӕн ӕмӕ ныфс бавӕрдта, театралон критикты рецензитӕ кӕй ӕрцӕудзысты мыхуыр информацион фӕрӕзты.
Ног хабӕртты лентӕ
0