https://sputnik-ossetia.com/20220412/guyrdzyston-tsamanna-kany-ya-politsayagty-uistay---iaam-fembaldy-khatdzagta-16288190.html
Гуырдзыстон цӕмӕннӕ кӕны йӕ полицӕйӕгты Уистӕй - ИӔАМ фембӕлды хатдзӕгтӕ
Гуырдзыстон цӕмӕннӕ кӕны йӕ полицӕйӕгты Уистӕй - ИӔАМ фембӕлды хатдзӕгтӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны позици раздӕрау у ӕнӕаивгӕ - Уисты ӕнӕзакъонон пост хъӕуы айсын, ӕмӕ йӕ гарзджын тыхты уырдыгӕй... 12.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-12T17:28+0300
2022-04-12T17:28+0300
2022-04-12T17:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/923/82/9238242_0:0:2789:1569_1920x0_80_0_0_82f5782a3add1de220266d95153ce983.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны позици раздӕрау у ӕнӕаивгӕ - Уисты ӕнӕзакъонон пост хъӕуы айсын, ӕмӕ йӕ гарзджын тыхты уырдыгӕй акӕнын. Инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны механизмты фембӕлды фӕстӕ уый тыххӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны делегацийы разамонӕг Коцты Егор.Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ ОБСЕ-йы минӕвӕрттӕн фембӕлд ацыд дыццӕджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл. Йӕ хатдзӕгты тыххӕй журналисттӕн радзырдта Коцты Егор.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ковиды фӕдыл уавӕр уыд сӕйраг фарст, фӕлӕ ныр кӕй ныннымӕг, уымӕ гӕсгӕ ист ӕрцӕудзӕн дарддӕры фембӕлдты боны фӕткӕй.Хуссар Ирыстоны делегаци зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кризисы тӕккӕ райдайӕны Хуссар Ирыстон ӕнхъардта бӕстон скъуыддзаг, фӕлӕ гуырдзыйы фарс не 'сразы ис."Гуырдзыстоны политикон разамынд рахаста ӕндӕр фӕндон, ныр та уавӕр ис ӕндӕр ӕмвӕзадыл. Гуырдзыстоны фарс уырнын кӕны, уым кӕй ис хуымӕтӕг полици сӕ хӕцӕнгарзимӕ, ӕмӕ кӕй сты хорз ӕмӕ хӕлар. Мах та йӕ зонӕм, уыдон сты хотыхджын ӕмӕ лӕууынц нӕ зӕххыл. Уыдон хъуамӕ ум ма уой", - бафтыдта Коцты Егор.Уыимӕ иумӕ ма уый бафтыдта, фӕстаг фембӕлдӕй уыцы районы уавӕр уыд стабилон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/923/82/9238242_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_47ac97abfa56bf9f3757bd10eb0b2f97.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Гуырдзыстон цӕмӕннӕ кӕны йӕ полицӕйӕгты Уистӕй - ИӔАМ фембӕлды хатдзӕгтӕ
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны позици раздӕрау у ӕнӕаивгӕ - Уисты ӕнӕзакъонон пост хъӕуы айсын, ӕмӕ йӕ гарзджын тыхты уырдыгӕй акӕнын. Инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны механизмты фембӕлды фӕстӕ уый тыххӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны делегацийы разамонӕг Коцты Егор.
Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ ОБСЕ-йы минӕвӕрттӕн фембӕлд ацыд дыццӕджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл. Йӕ хатдзӕгты тыххӕй журналисттӕн радзырдта Коцты Егор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ковиды фӕдыл уавӕр уыд сӕйраг фарст, фӕлӕ ныр кӕй ныннымӕг, уымӕ гӕсгӕ ист ӕрцӕудзӕн дарддӕры фембӕлдты боны фӕткӕй.
"Дыккаг фарст - ӕдасдзинады проблемӕ арӕны дыууӕ фарс дӕр. Сӕйраг фарст, кӕцы Хуссар Ирыстон хӕссы уынаффӕмӕ, уый у Уисты хъӕуы ӕнӕзакъонон пост. Агурӕм проблемӕйы алыг кӕныны фадӕттӕ, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны позици у ӕнӕаивгӕ - пост хъӕуы айсын, хотыхджынты та уыцы бынатӕй акӕнын",- загъта уый.
Хуссар Ирыстоны делегаци зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кризисы тӕккӕ райдайӕны Хуссар Ирыстон ӕнхъардта бӕстон скъуыддзаг, фӕлӕ гуырдзыйы фарс не 'сразы ис.
"Гуырдзыстоны политикон разамынд рахаста ӕндӕр фӕндон, ныр та уавӕр ис ӕндӕр ӕмвӕзадыл. Гуырдзыстоны фарс уырнын кӕны, уым кӕй ис хуымӕтӕг полици сӕ хӕцӕнгарзимӕ, ӕмӕ кӕй сты хорз ӕмӕ хӕлар. Мах та йӕ зонӕм, уыдон сты хотыхджын ӕмӕ лӕууынц нӕ зӕххыл. Уыдон хъуамӕ ум ма уой", - бафтыдта Коцты Егор.
Уыимӕ иумӕ ма уый бафтыдта, фӕстаг фембӕлдӕй уыцы районы уавӕр уыд стабилон.