Хуссар Иры УУМ фӕдзӕхсы зынгсирвӕзтты тӕссагдзинадӕй быдыртӕ ӕмӕ хохрӕбынты

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгсирвӕзт Ленингоры
Зынгсирвӕзт Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад фӕдзӕхсы ӕввахс бонты зынгсирвӕзттӕй тӕссагдзинады бӕрзонд ӕмвӕзады тыххӕй. Уый фӕдыл хъусинаг мыхуыр ӕрцыд уагдоны официалон фарсыл сохиалон хызӕгты.
"Гидрометеорологи ӕмӕ алфамблай дунейы мониторингы фӕдыл цӕгатирыстойнаг центры информацимӕ гӕсгӕ 11-13 апрелы быдырон ӕмӕ хохрӕбын бынӕтты уыдзӕн тас зынгсирвӕзттӕй (4 класс)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр УУМ сиды цӕрджытӕм ацы бонты ма цӕуын ӕрдзмӕ хъӕды зынгсирвӕттӕ ма ӕруадзыны нысанӕн. Афтӕ ма уагдоны зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, кӕй нӕй гӕнӕн пикниктӕ гом артимӕ аразын, бырӕттӕ ӕмӕ хус кӕрдӕг судзын, судзгӕ спичкӕтӕ ӕмӕ тамако зӕхмӕ ӕппарын.
Ног хабӕртты лентӕ
0