Цхинвалы сӕнусон кодтой ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы ном

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы сӕнусон кодтой ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы ном
Цхинвалы сӕнусон кодтой ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы сквертӕй иуӕн радтой зындгонд ирон дипломат, Хуссар Ирстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Турчы Хъаныхъуаты Ремзийӕн.
Мадзал ӕрӕмных кодтой политикон архайӕджырайгуырӕн бонмӕ - 5 апрелы ууыл сӕххӕст уыдаид 70 азы. Дипломат йӕ цардӕй ахицӕн ис 2020 азы декабры.
Хуссар Иры столицӕйы сквермӕ дыццӕджы ӕрӕмбырд сты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ туркаг ирӕттӕ, кӕцытӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты президентон ӕвзӕрстыты ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджыты хуызы.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы сӕнусон кодтой ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы ном
Присвоение скверу по ул. Путина имени Ремзи Канукаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Цхинвалы сӕнусон кодтой ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы ном
ФХМ сӕргълӕууӕг журналисттӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй Путины уынгыл скверӕн Хъаныхъуаты Ремзийы ном раттын аскъуыддзаг кодтой Цхинвалы администрацийы.
"Мах фӕндын скад кӕнын Ремзийӕн ахӕм ӕгъдауӕй, цӕмӕй Цхинвалы хуыздӕр сквертӕй иу хӕсса йӕ ном", - загъта уый.
Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Туркаг республикӕйы Хоситы Бурхан. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы мадзал у Турчы ирӕттӕм ӕмӕ сӕрмагондӕй Хъаныхъуаты Ремзийы бинонтӕм ахаст ӕвдисӕг.
"Абоны мадзалӕй къамтӕ ӕмӕ видео сӕвӕрдзӕн Интернеты, цӕмӕй сӕ феной туркаг ирӕттӕ дӕр ӕмӕ Хъаныхъуаты бинонтӕ дӕр", - загъта Хоситы Бурхан.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Туркаг республикӕйы Хоситы Бурхан
Присвоение скверу по ул. Путина имени Ремзи Канукаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Туркаг республикӕйы Хоситы Бурхан
Уымӕн радтой скверӕн Ремзийы ном раттыны фӕдыл барамынды копи.
Хъаныхъуаты Ремзи 2019 азы нысан ӕрцыд Хуссар Иры ФХМ минӕварӕй Турчы. Уый ма ноджы архайдта Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн Турчы территорийыл консулон ӕххуыс бакӕныныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0