Цхинвалы цӕгаттаг хайы ахицӕн кодтой донифтонгад

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæКран
Кран  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгады линйыл "Водоканал"-ы кусджытӕ дыццӕджы ӕххӕст кӕнынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, уый ахоссӕй горӕты иу хаймӕ боны дӕргъы нӕ цӕудзӕн дон, фехъусын кодта Sputnik уагдоны генералон директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
Дон абон изӕры аст сахаты онг ӕрурӕдтой цӕгаттаг фарс - микрорайонтӕ БАМ, Мӕскуыйаг, Хурзӕрин, Цӕгаттаг ӕмӕ Текстилы.
"Райсом дӕс сахатыл "Едыс-Цхинвал"-ы магистралон дохы хахх ахицӕн кодтой. Куыддӕр дон ӕрлӕууа, афтӕ кусджытӕ бавналдзысты куыстмӕ", - загъта Джиоты Инга.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн кусынц Дзауы районы доны хаххыл.
"Дзауы районы доны хаххыл сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад змисӕй сӕхгӕдта ӕмӕ уый раивдзысты. Куыстыты гуырахст у стыр, фӕлӕ хъуамӕ ахицӕн уой изӕрмӕ", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0