Хуссар Иры ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты спортсментӕ рамбылдтой фараст майданы Уӕрӕсейы фыццагады

© Из архива тренера М. КулумбеговаКоманда ММА Южной Осетии на открытом первенстве России
Команда ММА Южной Осетии на открытом первенстве России - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты командӕ райста фараст призон бынаты Уӕрӕсейы гом фыццагады.
Хицӕн аргъы майдантӕ рамбылдтой тренертӕ Хъуыдымбегты Мамед, Хетӕгкаты Яков ӕмӕ Дзабиты Артемы хъомылгӕнинӕгтӕ.
"Рахицӕн кӕнинаг сты Мамытаты Роман ӕмӕ чысыл кӕйных чызг Ӕлборты Елизавета, уыдон ссисты уӕлахиздзаутӕ. Ӕмткӕй та нӕ иугонд командӕйы уыд фараст спортсмены ӕмӕ иууылдӕр бацахстой призон бынӕттӕ", - загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер ӕмбуар хӕстӕй Хъуылымбегты Мамед.
Уӕрӕсейы гом чемпионат ӕмӕ фыццагад цыдысты Подмосковьейы. Гауызмӕ рахызтысты дӕс командӕйӕ фылдӕр Уӕрӕсейы алы къуымтӕй.
Хуссар Иры ӕмбуархӕцджытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2022
Хуссар Иры ӕмбуархӕцджытӕ турнир "Крепость Кавказа"-йы рамбылдтой аст майданы
"Нӕ спортсментӕ архайдтой ӕрыгӕтты хсӕн, уыдысты 9-17 азы кары. Фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ тохы ауагътой", - бахахх кодта уый.
Ерыстӕй ӕвзист майдантӕ ӕрхастой - Пухаты Умар ӕмӕ Джиоты Артем. Фондз лӕппу та сты бронзӕйон майданты хицау.
Тренер ма бузныджы ныхӕстӕ загъта паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн, кӕцы фӕсивӕдӕн бакодта финансон ӕххуыс ерыстӕм ацӕуынӕн.
Хуссар Ирыстоны ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты секци срӕвдз кодта йӕ куыст ӕмбуар хӕсты скъолайы бындурыл 1996 азы. Фыццаг уым куыста Хъуылымбегты Мамед, уый фӕстӕ йӕм бамбал сты ӕндӕр тренертӕ дӕр.
© Из архива тренера М. КулумбеговаКоманда ММА Южной Осетии на открытом первенстве России
Команда ММА Южной Осетии на открытом первенстве России - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2022
Команда ММА Южной Осетии на открытом первенстве России
Ног хабӕртты лентӕ
0