Мит батад: Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн Транскавказы автомагистраль кусы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон службӕ Sputnik радзырдтой, дыццӕджы мит фӕстӕмӕ батад ӕмӕ ницы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны.
Дыццӕджы сихоры Цхинвалы райдыдта митуард, республикӕйы бӕрзонд хъӕуты ӕрхӕцыд мит. Социалон хызӕгты апарахат сты Транскамы ист видео ӕмӕ фото кадртӕ, цы ран мит ӕрӕмбӕрзта хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ фӕндаг.
"Уалдзыгон мит йӕхӕдӕг батад, сыгъдӕг кӕнын дӕр ӕй нӕ бахъуыд. Ныридӕгӕн трассӕ кусы ӕнӕ арӕнвӕрдӕй", - загътой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0