Цхинвалы ацӕудзӕн театралон фестиваль "Уазӕгуаты аргъаумӕ"

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОТеатралон фестиваль
Театралон фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн театралон равдыстты фестиваль "Уазӕгуаты аргъаумӕ", цы ран хайад райсдзысты республикӕйы скъолаты ахуырдзаутӕ, фехъусын кодта Sputnik Республикон сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны директоры хъомылгӕнӕн куысты фӕдыл хӕдивӕг Ӕрсойты Зӕринӕ.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, мадзалы сӕйраг нысаниуӕг у сывӕллӕтты театралон сфӕлдыстады райрӕзт республикӕйы.
"Ацы фестиваль фыццаг аз нӕ уадзӕм, фӕлӕ карантины аххосӕй фӕстаг азты уагъд нӕ цыд. Мадзал ацӕудзӕн мӕйы кӕрӕтты, хайад дзы райсдзысты республикӕйы скъолаты 3-5 кълӕсты ахуырдзаутӕ. Равдысттӕ ацӕудзысты Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны стыр залы", - загъта Ӕрсойты Зӕринӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕн фадат уыдзӕн равзарын цыфӕнды равдыст дӕр, фӕлӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн регламент ӕххӕст кӕнын.
Ӕрсойты Зӕринӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, хорзӕхкӕнынад цӕудзӕн номинацитӕм гӕсгӕ. Сывӕллӕттӕ райсдзысты кады грамотӕтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0