Знауыры дзюдойы скъолайы минӕвӕрттӕ расгуыхтысты Дзӕуджыхъӕуы

© Из архива тренера А. Гагиева Знауыры дзюдойы скъолайы минӕвӕрттӕ
Знауыры дзюдойы скъолайы минӕвӕрттӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы дзюдойы скъолайы минӕвӕрттӕ радон хатт равдыстой стыр арӕхстдзинад ӕмӕ цӕттӕдзинад Дзӕуыджыхъӕуы ерысты. Лӕппутӕ рамбылдтой сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист майдантӕ ӕхсӕнад "Динамо"-йы гом турниры.
Спортсменты тренер Гӕджиты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй турниры расгуыхтысты Джиоты Артур ӕмӕ Гӕджиты Артем.
"Джиоты Артур фыццӕгӕм къласӕй фӕстӕмӕ - ныр ӕхсӕз азы дӕргъы - цӕуы дзюдомӕ, ахуыр дӕр кӕны Знауыры скъолайы. Куыддӕр ерыс кӕныны ӕмвӕзадмӕ рахызт, уӕдӕй нырмӕ йын цин кӕнӕм йӕ уӕлахизтыл. Гӕджиты Артем дӕр уӕлахизы аккаг уыд, фӕлӕ ӕруагъта техникон рӕдыдтытӕ ӕмӕ ссис дыккаг", - загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм цӕттӕгӕнӕн турниртӕ хъӕуынц фӕсивӕды, цӕмӕй ӕвзарӕн ерыстӕм бацӕуой фӕлтӕрдӕй.
"Махӕн нӕ архайд здӕхт у, цӕмӕй фӕсивӕд ЦКФЗ ерыстӕм ахизой ӕмӕ бахауой Уӕрӕсейы фыццагадмӕ. Уымӕн та сын ахъаз сты ахӕм турниртӕ", - бафтыдта тренер.
Ӕлборты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта дунейы командон ерысты ӕвзист
Уымӕй дарддӕр ма, Гӕджиты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ хъомылгӕнинаг Джиоты Артур раивта йӕ уӕзы категори.
"34 килограммы уӕзы тох кодтон, мӕ ныхмӕлӕуджыты иууылдӕр зыдтон, ӕнцон уыд се 'мбулын. Ныр ахызтӕн 38 кг категоримӕ. Уым мын у зындӕр, фӕлӕ тӕппуд нӕ кӕнын, цӕттӕ дӕн тохмӕ", - загъта Sputnik спортсмен йӕхӕдӕг.
Знауыры районы уӕвӕг дзюдойы скъола у республикӕйы ацы спорты хуызы хуыздӕр цӕттӕгӕнӕн базӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ сарӕзтой сӕхицӕн хорз ном, скъолайы хъомылгӕнинагтӕ канд бынаты ӕнтыстытӕй не 'сбуц кӕнынц сӕ табугӕнджыты, фӕлӕ фӕсарӕты дӕр.
Ам цӕттӕ кӕнынц кад Знауыры посёлокы нӕ, фӕлӕ ма ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕ дӕр. Фӕсивӕд дих сты ӕртӕ къордыл. Ӕртӕ тренеры дӕлбар ис 60 сывӕллоны. Фӕсивӕдӕн ис хорз уавӕртӕ, скъола ис йӕ бындурӕвӕрӕг Гӕбӕраты Иналы хъусдарды бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0