Зоолог: арсы лæппынæн æнæ мады ᾿хсырæй цæрæн нæй

Арсы лæппынæн æнæ мады ᾿хсырæй цæрæн нæй
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арсы дыууæмæйдзыд лæппыны радтой Знауыры районы егерь Плиты Лаврикмæ, цæмæй йын баххуыс кæна адаптаци ацæуын æмæ хъæды цæрынхъом суæвын. Sputnik информацион службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй арсы лæппынтæ уыдысты æртæ, сæ мады та сын æвæццæгæн амардтой браконьертæ. Иуæн йæ хъысмæт аскъуыддзаг ис, фæлæ иннæтæ кæм сты, уый бæрæг нæу.
Бæстæзонæг æмæ зоолог Габайты Владимир куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм кары арсы лæппынтæ тынг зынтæй аивæрзынц æнæ мадæй.
"Нæ зæрдæ сыл тынг фæриссы, уымæн æмæ лæппынты хъæуы мады ᾿хсыр. Фæивæн ын ис, сывæллæттæн цы ᾿хсыр дæттынц, уымæй, фæлæ сын уый дæр уадиссаг ахъаз ницы фæвæййы", - бахахх кодта зоолог.
Уый ма фехъусын кодта, æрсытыл ныр кæй ис тынг тæссаг низ "трихнеллез" æмæ сын сæ фыдæй куы бахæрай, уæд адæймагыл дæр бахæцы.
Ирыстоны тобæгонд у арсытыл цуан кæнын, уыдон хаст сты Сырх чиныгмæ. Уымæ гæсгæ, банысан кодта Габайты Владимир, арсы лæппынты мады нæ амардтаидн цуанон, марынц сæ æрмæстдæр браконьертæ. Ерерьтæ сыл арæх сæмбæлынц æмæ сын æмбарын кæнынц, кæй нæй гæнæн цуан кæнын æрсытыл, зыгъарджытыл, тæрхъустыл, дысæфтæгонтыл.
Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 уылæныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0