"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд 2022 азы ацӕудзӕн тадицион форматы

© Фотохост-агентство /  Ахизын медиабанкмæ"Ӕнӕмӕлгӕ полк"
Ӕнӕмӕлгӕ полк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. "Уӕрӕсейы Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы Централон штабы ӕмсӕрдар Сергей Макаров фехъусын кодта, "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд ацы аз кӕй ауадздзысты традицион форматы.
"Фӕнды нӕ фехъусын кӕнын цины хабар, "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд ацы аз кӕй ауадздзысты традицион оффлайн-форматы", - хъусын кӕны Сергей Макаровы ныхӕстӕ РИА Новости.
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" у ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд, афтӕ ма акци-цыд. Фыццаг хатт акци ацыд 2014 азы, уый фӕстӕ ссис традицион ӕмӕ ӕрвылазон.
"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд Уӕрӕсейы горӕтты уынгтыл 2020 ӕмӕ 2021 азты нӕ ауагътой коронавирусы пандемийы аххосӕй, уый фӕдыл организатортӕ ракодтой мадзал онлайн-форматмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0