Дæргъвæтин паузæйы фæстæ: Хуссар Иры театр сног кодта спектакльты равдысттæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны паддзахадон театр
Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр (ПДТ) дæргъвæтин паузӕйы фæстæ сног кæндзæн спектакльты равдысттæ. Майрæмбоны кæсæджы размæ рахæсдзысты спектакль "Дон Жуан", фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй фæстаг рæстæджы театр куыста пандемийы æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ арæнвæрд уавæрты. Уымæ гæсгæ арæх не вдыстой спектакльтæ.
"Паддзахадон театры залӕн пандемийы рæстæджы æрмæст йе 'мбис уыд йедзаг кæныны бар. Ныр уагдон йæ архайд фæактивондæр кæндзæн. Фыццаг уал хонæм цæрджыты цымыдисон æмæ рæсугъ спектакльмæ майрæмбоны", - радзырдтой пресс-службæйы.
Мольеры комеди "Дон Жуан" Хуссар Ирыстоны сценæйыл сæвæрдта Дыгуры театры æвзонг курдиатджын режиссер Джелиты Хъазыбег.
Сӕйраг фӕлгонц ӕххӕст кӕны Мамиты Григорий, уый ралӕууыд Дон Жуаны ролы, йе 'ххуырсты фӕлгонц та ӕххӕст кӕны Гаглойты Эдуард. Спектаклы ма архайынц адӕмон артист Тъехты Уасил, сгуыхт артисттӕ Уанеты Эдуард, Гаглойты Артур, Хуыгаты Альбина, Натия Чохели ӕмӕ Хаситы Сослан. Ацы спектаклы сценӕйыл сӕ архӕстдзинад равдисдзысты ХИПУ театралон факультеты студенттӕ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0