Хуссар Иры фӕкъаддӕр фатертӕм интернет бауадзыны аргъ

CC0 / 3844328 / RouterWi-Fi роутер
Wi-Fi роутер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Козаты Диана. Интернет-провайдер "Юг-Телеком" фӕкъаддӕр кодта интернет хызӕгмӕ баиу кӕныны аргъ, фехъусын кодта Sputnik компанийы гендиректор Джиоты Эрна.
Марты кӕрӕтты компанийы бахъуыд фӕфылдӕр кӕнын ӕргътӕ кӕцыдӕр лӕггӕдтӕн, уымӕн ӕмӕ фӕзынаргъ сты ӕрмӕджытӕ, кӕцытӕй пайда кӕнынц абонентты баиу кӕнынӕн. Афтӕмӕй "Юг-Телеком"-ы баныфсӕвӕрдтой, базары уавӕр стабилондӕр куы уа, уӕд компани ногӕй ӕркӕсдзӕн йӕ ӕргътӕм.
"Ныртӕккӕ фатермӕ интернет баиу кӕныны аргъ абонентӕн уыдзӕн 1900 сомы (раздӕр уыд 2200 сомы). Хисӕрмагонд хӕдзармӕ интернет бауадзыны аргъ у 6300 сомы (раздӕр уыд 7700). Юридикон гоймӕгтӕн аргъ у 7500 сомы", - радзырдта Джиоты Эрна.
Компанийы ногӕй дзырд радтой, кӕй та ӕркӕсдзысты баиу кӕныны ӕргътӕм, кӕд ӕмӕ ифтонггарз ӕмӕ хардзгӕнӕн ӕрмӕджыты аргъ фӕкъаддӕр уа.
Ӕргъты ивындзинӕдтӕ нӕ хауынц интернетӕй пайда кӕныны тарифтӕм, уыдон нырма сты раздӕры ӕмвӕзадыл.
Абоны бон "Юг-Телеком"-ы интернетӕй пайда кӕныны фадат ис Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрджытӕн, афтӕ ма Цхинвалы районы цалдӕр хъӕуы цӕрджытӕн. Компанийы нывӕзты ис баиу кӕнын интернет Къусреты хъӕумӕ ӕмӕ горӕт Къуаисамӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0