Бибылты Анатолий нӕ бадӕтдзӕн тӕрхондонмӕ президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры датӕйы тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент Бибылты Анатолий
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий нӕ бадӕтдзӕн тӕрхондонмӕ ӕвзӕрстыты дыккаг туры датӕ снысан кӕныны фӕдыл ЦӔК скъуыддзагыл, фехъусын кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
ЦӔК бон раздӕр снысан кодта фӕлхаттон хъӕлӕсӕппӕрсты датӕ 28 апрельмӕ. Фӕстӕдӕр фӕзынг хъусинаг, Бибылты Анатолий кӕй хъавы бадӕттын ацы скъуыддзаджы фӕдыл тӕрхондонмӕ.

"Президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры датӕ сфидар кӕнын у ЦӔК прерогативӕ. Бибылты Анатолий нӕ бахъаст кӕндзӕн ацы скъуыддзагыл", - загъта Гасситы Дина.

ЦӔК ма раздӕр бахатыд президентмӕ 28 апрель, цыппӕрӕм ӕнӕкусгӕ бонӕй расидыны фӕдыл. Пресс-секретарь уый фӕдыл та загъта, зӕгъгӕ скъуыддзаг ист ӕрцӕудзӕн юристты хатдзӕгы фӕстӕ.
Хуссар Ирыстоны 10 апрелы ацыд президентон ӕвзӕрстыты фыццаг тур. ЦӔК развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фыццаг туры фӕстиуджытӕ ӕвдисынц, Гаглойты Алан кӕй ӕмбулы ӕвзарджыты хъӕлӕсты 36,9 процентимӕ. Бибылты Анатолий систа хъӕлӕсты 33,5 проценты.
Ног хабӕртты лентӕ
0