Депутаттӕ бахӕс кодтой ӔХМ аскъуыддзаг кӕнын ковидон фиддонты фарст Ленингоры районы

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингоры рынчындон
Ленингоры рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Козаты Диана. Ленингоры районы рынчындоны кусджытӕ райстой ноябры онг сӕм цы ковидон фиддонтӕ ӕмбӕлд, уыдон. Ныр та ӕркастысты цы фиддонтӕ ма сын баззад, уыдоны фӕдыл документмӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Цоциты Алла.
Фарстмӕ ӕркастысты парламенты сессийыл майрӕмбоны.
"Декабры не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты. Махмӕ ис сӕйраг дохтыры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы официалон фыстӕг. Ныр та нӕм ис сӕйраг дохтыры радон фыстӕг, фиддонтӕ бафидыны фӕтк ӕмӕ ӕмбӕлон документаци сгарст кӕй цӕуы, уый фӕдыл. Фӕлӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ нырма куырдиӕттӕ нӕ бавдыстӕуыд" – загъта цоциты Алла.
Депутат Дриаты Заза радзырдта, ӕрӕджы кӕй ӕмбӕлд йе ‘взарджытимӕ Ленингоры районы, ӕмӕ рынчындоны кусджытӕ хъаст кодтой, сентябрӕй фӕстӕмӕ кӕй нӕ райстой фиддонтӕ "сырх зонӕйы" куысты тыххӕй.
Бурденкойы номыл Сӕйраг ӕфсӕддон клиникон госпиталь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, куыд базонӕн ис УФ госпитальты хосцӕуӕг ӕфсӕддонты уавӕр
Министры хӕдивӕг бахахх кодта, уагдон цӕттӕ кӕй у бавдисын ӕмбӕлон документаци.
Цоциты Алла ма бафтыдта, зӕгъгӕ, цалдӕр хатт сӕвӕргӕ диагнозтӕ не сфидар кодтой ӕмбӕлон ПЦР-тесттӕй.
"Мӕхӕдӕг фарон азы кӕрон уыдтӕм уым, басгӕрстон документаци. Ковиды диагноз-иу уыд, фӕлӕ тест та нӕйы. Ахӕм цаутӕ дзы бирӕ уыд", - банысан кодта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм пациенттӕн уагътой симптоматикон хоскӕнынад.
"Уӕззау рынчынтӕн уым нӕ хос кӕнынц, уыдоны арвитынц горӕтмӕ. Ленингоры районы спецификон буарадтӕй нӕ пайда кӕнынц", - загъта Цоциты Алла.
Парламенты спикер Тадтаты Алан банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад лӕмбынӕгдӕр кӕй хъуамӕ сахуыр кӕна ацы проблемӕ бынаты, цӕмӕй адӕм рӕстӕгыл райсой се ‘хцатӕ.
"Хъӕуы райсын скъуыддзӕгтӕ, кадрон ӕви ӕндӕртӕ. Хъӕуы фӕтагъддӕр кӕнын процесс", - загъта спикер.
Цоциты Алла бафтыдта, зӕгъгӕ, кадрон скъуыдддзӕгтӕ уый размӕ дӕр райстой.
Ног хабӕртты лентӕ
0