"Фыдӕлты хорзӕх": Турчы цӕрӕг ирӕттӕ сӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй

Рафыссын
Хуссар Ирыстонмӕ фӕуазӕг сты турчы цӕрӕг ирӕттӕ. Уыдонӕн сӕ балцы нысан уыд ӕрцӕуын сӕ фыдӕлты зӕххмӕ, уыимӕ иумӕ ма президентон ӕвзӕрстыты хайад райсын цӕстдарджыты хуызы. Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Турчы бӕстӕйы Хоситы Бурхан ӕмӕ делегацийы уӕнг Батъиаты Елмаз интервью радио Sputnik радзырдтой, куыд цӕрынц ирӕттӕ Турчы, уый тыххӕй.
Хоситы Бурхан банысан кодта, ныр ӕртыккаг хатт кӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ. Уый лӕмбынӕг радзырдта, Турчы цӕрӕг ирон фӕсивӕд куыд интеграци кӕнынц Ирыстоны ӕвзонг адӕмимӕ.
Батъиаты Елмаз бафиппайдта, йӕ фыдӕлтӕ сӕдӕ азы размӕ кӕй алыгъдысты Турчы бӕстӕмӕ, уый та иу ӕнусы фӕстӕ кӕй ӕрцыд йӕ фыдӕлты зӕххмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0