Къæбулты Ренаты бæхты дуне: тæргайгæнаг Бирæгъ, уæздан Буцефал ӕмӕ ипподром сабитӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanРенат
Ренат  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Бӕхдарыны хъуыддаг Къæбулты Ренат срӕвдз кодта Джеры комы 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Йӕ уарзон куыст кӕнынӕн йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕдзӕрӕг хъӕу Сацхенетыл - уый ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй нысан кӕны "бӕхдон". Нӕлгоймаджы бахъуыд дӕс азӕй фылдӕр, фӕлӕ цадӕггай ацы къуым ссис бӕхты дуне.
Ам ныр ис иунӕг хӕдзар æмæ ипподром, сæ алыварс уæрæх быдыртæ. Ӕрмæст бӕхты футтытӕ ӕмӕ куыдзы рӕйд халынц уалдзыгон дымгӕйы уынӕр.

Алано Джессика

Алайнаг мыггаг "алано"-йӕ сыл куыдз Джессика уайтагъд фехъусын кӕны хицауӕн, сӕ дунемӕ уазджытӕ кӕй фӕзынд. Стӕй ӕнӕ хъæлæбайæ рацӕуы уазджытыл ӕмбӕлынмӕ. Чысыл карздӕр ахаст ын ис ӕнӕхуынд фосмӕ.
"Уӕздан куыдзы мыггаг у, ӕз ӕй йӕ хъӕлӕбайӕ базонын, фос ӕрбацыд уынгмӕ, ӕви уазджытӕ", - дзуры йӕ хицау.
Дыууӕ ӕнӕном къӕбыла сӕ мады уӕзбындзинадӕй хайджын не сты, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ схыл вӕййынц уазджытимӕ, стӕй та хъазыныл фӕцайдагъ вӕййынц. Йӕхи ӕнахуыр ӕдзӕсгом дары ӕрмӕст гӕды - уазджытыл цины фӕстӕ, ӕнӕфарстӕй сбады хӕдтулгӕйы ӕмӕ цӕттӕ у фӕцӕуын ног адресмӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan "Алано" породӕйы къӕбылатӕ
Щенки породы Алано - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
"Алано" породӕйы къӕбылатӕ
"Ирон лӕгӕн раг заманӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ уыдаид бӕх ӕмӕ куыдз, уыдон уыдысты йӕ иузӕрдион хӕлӕрттӕ. Мӕ фыдӕлты ӕгъдау ӕз дӕр дарддӕр кӕнын", - дзуры Ренат.

Ӕнусон хæлардзинад бæхтимæ

Бӕхтимӕ лӕппу схӕлар ис фондзаздзыдӕй, уӕд Джеры комы цӕргӕйӕ чысыл лӕппу фыццаг хатт сбадт бӕхыл ӕмӕ сыл уымӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Стӕй ма уый иунӕг нæ уыд бинонтӕй, чи уарзта бӕхтӕ.
"Мӕ фыд Хъазбег 1991 азы ӕбӕрӕгӕй куы фесӕфт, уӕд дӕр уыд бӕхыл, йӕ саулохы йын йӕ быны амардтой, йӕхӕдӕг та гуырдзыйы къухмӕ бахауд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мах уый уынӕг нал уыдыстӕм", - дзуры уый.
Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хæсты архайæг, фыдыбæстæ хъахъхъæнæг Къæбулты Хъазбеджы номыл ацы комы йæ фырт бакодта бæхтыл бадын ахуыр кæныны центр. Уый лӕппуйӕн йӕ иунæг хъуыддаг нæу - йæ фыд æмæ дзæнæттаг æфсымæр Юрийы номыл бӕстӕйы ног историйы фыццаг Ренат райдыдта уадзын бæхты дугътæ.
© Sputnik / Natalia AiriyanРенат Кабулов
Ренат Кабулов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Ренат Кабулов
"Хӕсты фӕстӕ 2009 азы ам ӕрбынат кодтон. Зӕхх райстон, фермӕ сцӕттӕ ис 2011 азмӕ. Иу аз раздӕр фӕзиан ис ме фсымӕр Юра. Уый тынг уарзта иу бӕх, ӕз ӕй балхӕдтон ӕмӕ йын ӕй йӕ номыл ныффӕлдыстон. Афтӕ райдыдта мӕ бӕхты куыст", - дзуры Къӕбулты Ренат.

Уæздан Бирæгъ

Ренаты бæхдоны ныр ис дæс бæхы бæрц. Ам "цæрынц" Буцефал, Гоги, Къуырко, Ракета, Мартин, Бирӕгъ æмæ Жемчуг, цалдæрӕй та нырма сты æнæном. Алкӕмӕн дӕр сӕ ис йӕхи ӕфсӕн хатӕн.
Бӕхты хсӕн хӕлардзинады кой нӕй. Ӕхгӕд тыгъдады кӕрӕдзимӕ куы баирвӕзынц, уӕд кӕрӕдзи ныххойынц. Ныр дæр дыууæйæ сты ног над. Къӕсӕргӕрон хатӕны лӕууы саулох Бирӕгъ. Уый йӕ ас ӕмӕ ӕддаг бакастӕй бӕлвырд кӕны, уӕздӕттӕй кӕй у. Аннæтæм сæрыстырæй кæсы æмæ йæхимæ домы уæлдай лæггад.
© Sputnik / Natalia AiriyanРенат
Ренат Кабулов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Ренат
"Ацы бӕх фыццаг Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд 2018 азы республикӕйы хӕдбардзинады боны фӕдыл цытджын мадзӕлттӕм. Уӕд уыд Бӕхджын театры сконды. Ис ын паспорт дæр. Уӕд базонгӕ сӕм. Уый фӕстӕ йӕм ныццыдтӕн бынатмӕ. Ацы дунейӕ дард чи у, уыдоны нӕ бауырндзӕн, фӕлӕ бӕхтӕ ныхас ӕмбарынц. Уӕд ын ныфс радтон, кӕй йӕ ракӕндзӕн ӕмӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ каст", - мысы бӕхдарӕг.
Бӕхджын театры "артист" у хорз "бинонтӕй" рацӕуӕг - фыд уыд фриз, мад - кабардинка. Уыцы фризыл киноныв "Александр"-ы тӕккӕ райдайӕны хъазы сӕйраг хъайтар. Хуссар Ирыстоны бӕхдарӕгӕн ахӕм бӕх самал кӕнын ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ ныууӕй кодта йӕ хӕдтулгӕ.
© Sputnik / Natalia AiriyanКъӕбулты Ренаты бӕхтӕй иу
Конная ферма Рената Кабулова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Къӕбулты Ренаты бӕхтӕй иу
"Уӕд мын уыд ВАЗ - 2114 машинӕ, уый ауӕй кодтон ӕмӕ комкоммӕ мӕ бӕхмӕ бацыдтӕн. Уый мӕ ныхасыл баууӕндыд ӕмӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ каст. Кусджытӕ дзырдтой, уыцы бон бӕх кӕй уыд ӕнахуыр хъылындзы - уасыд ӕмӕ дуар хоста", - дзуры лӕппу.
Бирӕгъ ныр дӕр йӕхи аннӕтӕй дары бӕрзонддӕр. Хъыг ныхасӕй фӕтӕргай вӕййы, лӕгъз дзырдӕй та ӕххӕст кӕны ӕппӕт куырдиӕттӕ. Иудзырдӕй, у тӕнӕгзӕрдӕ бӕх.
Бирӕгъ ныр бӕхдоны иунӕг нал у уӕздӕттӕй, ныр йӕ байраг Буцефал дӕр байрӕзт, фарастӕм марты йыл сӕххӕст дыууӕ азы. Уый дӕр схӕлар ис хицæуттимӕ ӕмӕ сӕрибар рӕстӕг йӕ синтӕ аныхын домы хицауӕй.

Ипподром низӕфхӕрд сывӕллӕттӕн

Бӕхдоны "цӕрджытӕ" иууылдӕр хайад исынц ипподромы куысты. Ам ныр фадӕттӕ арӕзт ӕрцыд низӕфхӕрд сабитӕн ӕнӕаргъӕй реабилитаци рацӕуынӕн. Ацы хъуыддаг иумæ сцайдагъ кодтой паддзахады разамонæг æмæ сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын.
© Sputnik / Natalia AiriyanРенат
Ренат Кабулов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Ренат
Ренаты ныхæстӕм гæсгæ, бæхдарды хъуыддажы уымæн æххуысгæнджытæ бирæ ис.
"Ацы дыууæ адæймаджы мын сты тынг æххуыс, ног азы къæсæрыл мын балæвар кодтой фондз бæхы. Фæлæ мын уыдонæй æддейæ дæр адæм æххуыс кæнынц. Афтæ сæ номгай нæ нымайдзæн", - банысан кодта уый.

Разӕй - бирӕ фыдӕбон

Хъыгагæн, Къæбулты Ренатæн æххуысæй дарддæр ис зиæнттæ дæр - æртӕ стыр бӕхы ӕмӕ цыппар байраджы ахызтысты Гуырдзыстоны территоримӕ. Хизæн быдыртæ агургӕйӕ уыдон арæнтæ не 'взарынц.
Бӕхдарды куыст сӕ дарӕджы ӕмӕ уазджытӕн ӕхцондзинад хӕссынӕй дарддӕр хæрдзтæ дæр ахадгӕ хæссы.
"Азы мидӕг сӕ куы банымайай, уӕд иу бӕх дарын лӕууы 500 мин сомы. Мӕ бӕхты мӕйы дӕргъы хъӕуы холладжы 90 прессы, иу дзы лӕууы 250 сомы. Фӕззӕджы фондз бӕх ауӕй кодтон, цӕмӕй аннӕты рахӕссон. Пайдадджын бизнес никуы уыдзӕн, фӕлӕ куы скусӕм ӕппӕт гуырахстӕй, уӕд сӕхи дарын фӕраздзысты", - бафтыдта уый.
Къæбулты Ренатæн йæ бæхтимæ нырма ис дардцæуæг фæндтæ, уый хъуамæ æрнывыл кæна бæхджын туризм, чындзæхсæвты бæхджын кортежы куыст, бæхыл бадыны скъола "Ӕфсургъ"-ы ном айхъуысын кæнын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ипподромы æппæт уавæртæ дӕр скæнын.
© Sputnik / Natalia AiriyanИпподром
Открытие ипподрома в Джерском ущелье Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Ипподром
Ног хабӕртты лентӕ
0