Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны ӕфсӕддон парадмӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты советон адӕмы Уӕлахизыл 77 азы сӕххӕсты цытӕн. Парад ацӕудзӕн 9 майы горӕт-хъайтар Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл, банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, гвардийы инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын уагъд цӕуынц парадон къордты тренировкӕтӕ. Цӕттӕкӕнынад райдыдта дыууӕ къуырийы размӕ, райдайӕн этапы ӕфсӕддонтӕ куыстой бӕрӕгбонон маршы хисӕрмагонд элементтыл.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Военнослужащие Минобороны РЮО готовятся к Параду Победы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Тренировкӕты хайад исынц министрады парадон къордтӕ – къухдариуӕгады ӕмӕ ӕхсыны бригадӕйы офицертӕ, сӕрмагонд нысаниуӕджы ӕмӕ мотоӕхсӕн батальонты ӕфсӕддонтӕ, ӕмгъуыдон службӕйы солдаттӕ, сылгоймаг-ӕфсӕддонтӕ, ӕввахс рӕстӕджы та тренировкӕтӕм ӕрбаиу уыдзысты кадеттӕ.
Тагъд рӕстӕджы тренировкӕтӕм ӕрбаиу уыдзысты республикӕйы ӕндӕр тыхон структурӕты парадон къордтӕ дӕр – Мидхъуыддӕгты министрады, Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты, Юстицийы министрады, афтӕ ма 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы. Парады генералон репетицитӕ ацӕудзысты Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Военнослужащие Минобороны РЮО готовятся к Параду Победы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0