Æргътæ дæлæмæ цæуынц - эксперты хатдзӕгтæ

Æргътæ дæлæмæ цæуынц - эксперты хатцӕгтæ
Рафыссын
Уӕрӕсейы адӕмон хӕдзарады академийы экономикон иртӕстыты институты зонады раззагон кусӕг Александр Абрамов йӕ хъус дары ӕрвылкъуыри дуканиты ӕргътӕм. Уый банысан кодта, фӕстаг рӕстӕджы ӕргътӕ кӕй фӕкъаддӕр сты уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарайнаг базайрагтыл.
Иу мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы Уӕсейы ӕргътӕ тынг схызтысты, уыдоныл ӕндӕвтой санкцитӕ, сомы ӕрхауд, ныгуылӕйнаг компаниты ацыд Уӕрӕсейӕ, фӕсарайнаг ифтогнӕдты проблемӕтӕ.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм дӕр сӕхӕдӕг ноджы цырын кодтой ӕргъты схызт. Фӕлхасгӕнджытӕ активонӕй ӕлхӕдтой продукттӕ, ӕмӕ уый аххосӕй фӕзынд дефицит, тӕрхӕгтӕ афтид кодтой, ӕргътӕ та цыдысты уӕлӕмӕ. Ныр уыцы ажиотаж ӕрхауд, ӕмӕ ӕргътыл дӕр бӕрӕг фӕзынд, нысан кӕны эксперт.
Лӕмбынӕгдӕр эксперты комментаримӕ байхъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0