"Сызгъӕринмӕ" тырнгӕйӕ: Ӕлборты Аланӕ йӕхи цӕттӕ кӕны ног тохтӕм

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту Южной ОсетииӔлборты Аланӕ
Ӕлборты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 5 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны зындгонд дзюдоисткӕ Ӕлборты Аланӕ цӕуы цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ Подмосковьейы Уӕрӕсейы фыццагады фӕстӕ, цы ран чызг 21 азы кары фӕсивӕды ӕхсӕн ссис ӕвзист призер.
Дзюдоисткӕ финалы фӕхӕрд ис ӕрмӕстдӕр травмӕйы аххосӕй. Ӕрдӕгфиналон тохы уымӕн бахъыгдард ис йӕ къах.
"Иванова Марияимӕ фембӕлд финалы. Ацы чызджы уый ноябры рамбылдта, фӕлӕ ныр йӕ бон нал сис тох кӕнын йӕ къахы цӕфы аххосӕй", - радзырдта чызджы мад Бестауты Алеся.
Ныййарӕг ивгъуыд къуырийы кӕрон ӕнхъӕлмӕ каст йӕ чызджы 'рцыдмӕ, фӕлӕ йӕ уайтагъд арвыстой рӕвдзытӕм.
"Ӕнцойгӕнӕн лӕдзӕгимӕ цӕуы, фӕлӕ ӕртыккаг нымӕцмӕ уыдзӕн рӕвдзыты, уый фӕстӕ та йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ног ерыстӕ", - загъта ныййарӕг.
Бестауты Алеся ма бафиппайдта, йӕ чызг ныфс кӕй дӕтты сӕрды йӕ ныхмӕлӕууӕджы ногӕй рамбулын.
"Сӕрды фембӕлдзыстӕм ӕмӕ бавдзардзыстӕм нӕ тых", - дзуры йӕ чызджы ныхӕстӕ мад.
Ӕлборты Аланӕ ныридӕгӕн у иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ дзюдоисткӕ Хуссар Ирыстоны. Ахуыр кӕны ХИПУ-йы фӕсаууонмӕ юриспруденцийы хаххыл, ис Кисловодскы олимпиаг резервы скъолайы сконды.
Ӕлборты Аланӕ дзюдойыл фӕцайдагъ ис Цхинвалы Тъуриты Тенгизы къухдариуӕгады бын. Ныридӕгӕн ӕй цӕттӕ кӕнынц Гӕбӕраты Автандил ӕмӕ Ирина Матечюк.
Ног хабӕртты лентӕ
0