https://sputnik-ossetia.com/20220416/arsy-lppynn-iungy-aivrzn-ny---ekaterina-pazhetnova-16332201.html
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ссардæуыд дыууæ арсы лæппыны. Сæ уавæры тыххæй радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ хъуыды загъта горæт Тверы сидзæр арсы лæппынты ирвæзын кæныны... 16.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-16T13:50+0300
2022-04-16T13:50+0300
2022-04-16T13:50+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/0f/16332123_0:0:1921:1080_1920x0_80_0_0_a6c5d782b6d04148079c2dcafb4c719e.jpg
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй
Хуссар Ирыстоны ссардæуыд дыууæ арсы лæппыны. Сæ уавæры тыххæй радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ хъуыды загъта горæт Тверы сидзæр арсы лæппынты ирвæзын кæныны центры кусæг Екатерина Пажетнова.Уый загъта, зæгъгæ, тынг ахсджиаг у, цæмæй арсы лæппынтæ ма сахуыр уой адæймагыл, уымæн æмæ ахæм хæларад æркæны трагикон фæстиуджытæм. Арсы лæппын фыццаг кæй фены, уый банымайы кæй фæдыл хъуамæ цæуа, ахæмыл, уымæ гæсгæ йæ фарсмæ хъуамæ уа арс, иунæгæй уæвгæйæ та йын аивæрзæн нæй.Пажетнова куыд загъта, афтæмæй арсы лæппынтæн алцы дæттын нæй гæнæн хæринагæн, уæлдайдæр адджинаг."Нырма сты тынг чысыл, æвæццæгæн, сыл цæудзæн цыппар мæймæ æввахс, сæ дарддæры хъысмæт баст у бирæ нюанстимæ", - банысан кодта эксперт.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры, 106.3 улæныл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/0f/16332123_65:0:1762:1273_1920x0_80_0_0_bae4cb49691f99db8655108ae71e6180.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова
Хуссар Ирыстоны ссардæуыд дыууæ арсы лæппыны. Сæ уавæры тыххæй радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ хъуыды загъта горæт Тверы сидзæр арсы лæппынты ирвæзын кæныны центры кусæг Екатерина Пажетнова.
Уый загъта, зæгъгæ, тынг ахсджиаг у, цæмæй арсы лæппынтæ ма сахуыр уой адæймагыл, уымæн æмæ ахæм хæларад æркæны трагикон фæстиуджытæм. Арсы лæппын фыццаг кæй фены, уый банымайы кæй фæдыл хъуамæ цæуа, ахæмыл, уымæ гæсгæ йæ фарсмæ хъуамæ уа арс, иунæгæй уæвгæйæ та йын аивæрзæн нæй.
Пажетнова куыд загъта, афтæмæй арсы лæппынтæн алцы дæттын нæй гæнæн хæринагæн, уæлдайдæр адджинаг.
"Нырма сты тынг чысыл, æвæццæгæн, сыл цæудзæн цыппар мæймæ æввахс, сæ дарддæры хъысмæт баст у бирæ нюанстимæ", - банысан кодта эксперт.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры, 106.3 улæныл.