Гаглойты Роберт: уырыссаг-ирон-персайнаг æвзæгты дзырдуат у уникалон

Роберт Гаглойти: ирайнаг æмæ кавказаг адæмтæн уыди бастдзинæдтæ нæ эрæйы агъоммæ X-IX æнусты
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны рацыд уырыссаг-ирон-персайнаг æвзæгты дипломатион лексикæйы цыбыр дзырдуат. Бакуыстой йыл æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Наниты Сослан æмæ ахуыргонд Иранæй Мохаммед Навид Дарабзаде. Дзырдуаты презентацийы фæдыл радио Sputnik йæ хъуыды загъта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.
Уый банысан кодта, дзырдуат уникалон кæй у, æмæ йæ кæй фæнды, цæмæй автор адарддæр кæна йæ куыст, уый тыххæй æмæ дзырд цæуы дипломатион лексикæйыл. Историк банысан кодта, ирайнаг адæмтæн кавказаг адæмтимæ кæй уыд бастдзинæдтæ нæ эрæйы агъоммæ X-IX æнусты.
Гаглойты Роберт ма бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны уыд персайнаг æвзæгты факультет, студенттæй сæ ахуыр адарддæр кодтой дыууæйæ, ныр зонад-иртасæн институты кусы уыцы фарстатыл сæ иу - Дыгъуызты Зæлинæ.
Уый ма рахаста фæндондзинад, дзырдуаты тираж фылдæр куы уыдаид.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры106.3 улæныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0