Хуссар Иры мидхъуыддӕгты министрад исы куырдиӕттӕ УФ ахуырмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕмӕ скъолаты рауагъдонтӕн фадат уыдзӕн Уӕрӕсейы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуын РХИ МХМ-йы лимитты руаджы, фехъусын кодтой уагдоны.
Мидхъуыддӕгты министрад исы куырдиӕттӕ Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуыны фӕнд чи кӕны, уыдонӕй. Фæсивæд ам бынаты рацӕудзысты фӕлварӕнтӕ.

"Ацы аз Хуссар Ирыстонӕн рахицӕн ӕрцыд лимиттӕ Воронежы, Нижний Новгороды, Краснодары, Орёлы уӕвӕг университеты, уымӕй дарддӕр бынӕттӕ бавдыстой магистратурӕйы хаххыл дæр Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады академийы менеджмент ӕмӕ паддзахадон муниципалон управленийы дӕсныйадыл",- загъта МХМ кусӕг Джиоты Созыр.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад цы лимиттæ райста, уыдон сты ахæм хаххыл куыд "Компьютерная безопасность", "Экономическая безопасность" æмæ "Правовое обеспечение национальной безопасности".
Ахуырмæ ист цæуынц 18-25 азы кары фæсивæд.
Ног хабӕртты лентӕ
0