Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг рамбылдта музыкалон конкурс "Top music"-ы Мӕскуыйы

© Sputnik / Natalia Airiyan Харебаты Марта
Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта рамбылдта Гран-при ӕхсӕнадӕмон музыкалон конкурс-преми "Top music"-ы. Эстрадон, авторон ӕмӕ академион зарджыты ӕвзонг ӕххӕстгӕнджыты конкурс ацыд Мӕскуыйы.
"Top music" у конкурс, цы ран ӕрӕмбырд вӕййынц конкурсы регионалон этапты Гра-прийы лауреаттӕ ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ Уӕрӕсейы 40 регионӕй ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй.
"Ӕз сӕххӕст кодтон ног зарӕг ирон ӕвзагыл "Дидинӕг" Плиты Мурӕты зарӕгыл. Конкурсы гӕнӕн ис равдисын алыхуызон вокалон фадӕттӕ, уый фӕдыл мах аивтам аранжировкӕ. Кӕсджытӕ ӕмӕ жюрийы зӕрдӕмӕ фӕцыд зарӕг. Уыдон цымыдис кодта, цы ‘взагыл сӕххӕст кодтон зарӕг ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдтӕн", - загъта уый.
Харебаты Марта ссис иуыл хуыздӕр номинаци "Эстрадный и джазовый вокал"-ы ӕмӕ йӕ фӕхуыдтой конкурсмӕ, кӕцы ацӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы Мӕскуыйы. Конкурсы жюрийы уӕнгты хсӕн сты культурӕйы архайджытӕ, музыканттӕ, продюсертӕ, театр ӕмӕ кинойы артисттӕ.
Харебаты Марта у фондз Гарн-прийы хицау алыхуызон музыкалон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты уӕдахизты тыххӕй, афтӕ ма уый у телепроект "Новая звезда"-йы хайадисӕг ӕмӕ конкурс "Пой в душе"-йы финалисткӕ, уымӕй дарддӕр ма преми "Голос Осетии"-йы лауреат.
Ног хабӕртты лентӕ
0