Гаглойты Алан: Уӕрӕсе у Хуссар Иры сӕйраг цӕдисон

© Sputnik / Наталья АйриянГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат Гаглойты Алан йӕ интервьюйы РИА Новости банысан кодта, Уӕрӕсе кӕй у республикӕйы сӕйраг цӕдисон. Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, Цхинвалы ӕддагполитикон курс алыхатт дӕр уыдзӕн здӕхт Уӕрӕсейы 'рдӕм.
"Ацы фарсты паддзахады сӕргълӕууӕджы раивдӕн нӕй ахсджиаг бынат. Цӕдисон хӕслӕвӕрдӕн иузӕрдыгдзинад махӕн ис генетикон ӕмвӕзадыл", - загъта Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фылдӕр хайӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад 1990-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ.
"Махӕн Уӕрӕсеимӕ ис историон басдзинӕдтӕ. Мах хъуыды кӕнӕм 2008 азы август, хъуыды кӕнӕм ӕххуыс ацы азты дӕргъы. Уый фӕдыл нӕ ахастытӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр хӕларадон ӕмӕ ӕууӕнккаг. Уӕрӕсейы Федераци у нӕ стратегион партнер, нӕ сӕйраг цӕдисон, ӕмӕ нӕ ӕддагполитикон курс алыхатт дӕр уыдзӕн здӕхт Уӕрӕсейы 'рдӕм", - загъта Гаглойты Алан.
Президентон ӕвзӕрстыты фыццаг тур ацыд10 апрелы. Йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, дыккаг турмӕ ахызтысты архайгӕ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан. Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) хатдзӕгон протоколмӕ гӕсгӕ, Бибылты Анатолий райста хъӕлӕсты 34,95 проценты, Гаглойты Алан та 38,55 проценты.
Ног хабӕртты лентӕ
0