https://sputnik-ossetia.com/20220420/khussar-iry-dyuua-boksery-rambyldtoy-dombayy-kubokta-16386352.html
Хуссар Иры дыууӕ боксеры рамбылдтой Домбайы кубоктӕ
Хуссар Иры дыууӕ боксеры рамбылдтой Домбайы кубоктӕ
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыууӕ боксеры рамбылдтой Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйы сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнрегионалон турнир... 20.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-20T12:17+0300
2022-04-20T12:17+0300
2022-04-20T12:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/14/16386240_0:61:960:601_1920x0_80_0_0_90f665108a936be0c2f7735e735ad0bd.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыууӕ боксеры рамбылдтой Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйы сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнрегионалон турнир "Кубок Домбая", фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.Турниры триумфаторты нымӕцы сты дыууӕ цхинвайлаг боксеры - Гӕджиты Гурам ӕмӕ Багаури Тамаз. Фыццаг тох кодта 67 килограммы уӕзы, дыккаг та - 30 кг уӕзы.Гӕджиты Гурам у фӕсивӕды хсӕн иуыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер. Фӕстаг азты ӕрмӕст уымӕн бантыст Уӕрӕсейы фыццагад рамбулын. Куыд 2021 азы йӕ кары ӕмӕ уӕзы категорийы лидер, уый стох кодта Европӕйаг ерысты ӕмӕ рамбылдта бронзӕйон майдан."Гӕджиты Гурам у иттӕг хорз боксер, фӕлӕ Багаури Тамаз дӕр йӕ кармӕ куы ахӕццӕ уа, уӕд фӕстӕ хъуама ма лӕууа. Абоны онг нырма никуы фӕхӕрд, уымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйы ринг", - бахахх кодта тренер.Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйы сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнрегионалон турнир "Кубок Домбая" цыд 12-19 апрелы. Хуссар Ирыстонӕй дзы хайад истой ӕрмӕст дыууӕ боксеры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/14/16386240_0:0:960:720_1920x0_80_0_0_fe59f33eb7a21aea5da6ff92c6534f02.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры дыууӕ боксеры рамбылдтой Домбайы кубоктӕ
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыууӕ боксеры рамбылдтой Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйы сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнрегионалон турнир "Кубок Домбая", фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Турниры триумфаторты нымӕцы сты дыууӕ цхинвайлаг боксеры - Гӕджиты Гурам ӕмӕ Багаури Тамаз. Фыццаг тох кодта 67 килограммы уӕзы, дыккаг та - 30 кг уӕзы.
"Дыууӕ лӕппу дӕр стох кодтой иттӕг хорз. Уый размӕ сӕм цы чысыл фиппаинӕгтӕ ӕвзӕрд, уыдон иууылдӕр иуварс ӕрцыдысты, цыдӕриддӕр сын техникон хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдон сӕххӕст кодтой нывыл. Рахызтысты ӕмӕ рӕсугъд тохтӕ ауагътой", - бахахх кодта уый.
Гӕджиты Гурам у фӕсивӕды хсӕн иуыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер. Фӕстаг азты ӕрмӕст уымӕн бантыст Уӕрӕсейы фыццагад рамбулын. Куыд 2021 азы йӕ кары ӕмӕ уӕзы категорийы лидер, уый стох кодта Европӕйаг ерысты ӕмӕ рамбылдта бронзӕйон майдан.
"Гӕджиты Гурам у иттӕг хорз боксер, фӕлӕ Багаури Тамаз дӕр йӕ кармӕ куы ахӕццӕ уа, уӕд фӕстӕ хъуама ма лӕууа. Абоны онг нырма никуы фӕхӕрд, уымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйы ринг", - бахахх кодта тренер.
Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйы сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнрегионалон турнир "Кубок Домбая" цыд 12-19 апрелы. Хуссар Ирыстонӕй дзы хайад истой ӕрмӕст дыууӕ боксеры.