https://sputnik-ossetia.com/20220420/khussar-iry-raydydta-proekt-khistarklasontan-irystony-legendaron-goymagtay-16391974.html
Хуссар Иры райдыдта проект "Хистӕркъласонтӕн Ирыстоны легендарон гоймӕгтӕй"
Хуссар Иры райдыдта проект "Хистӕркъласонтӕн Ирыстоны легендарон гоймӕгтӕй"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны срӕвдз кодтой проект "Хистӕркъласонтӕн Ирыстоны легендарон гоймӕгтӕй", радзырдта Sputnik... 20.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-20T14:58+0300
2022-04-20T14:58+0300
2022-04-20T17:00+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/491/16/4911669_0:0:2501:1407_1920x0_80_0_0_04c2a5663c240a0a842938c7a92c43ad.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны срӕвдз кодтой проект "Хистӕркъласонтӕн Ирыстоны легендарон гоймӕгтӕй", радзырдта Sputnik инициатор, Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады гӕс Тасойты Игорь. Мадзӕлтты хайад исдзысты канд музыканттӕ нӕ, фӕлӕ спорстментӕ дӕр, афтӕ ма ӕндӕр зындгонд гоймӕгтӕ дӕр. Фембӕлдтӕ цӕудзысты фарст-дзуапп форматы, уымӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕн уыдзӕн фадат цымыдисон фарстытӕ дӕттынӕнӕн.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ стыр ӕхсызгонӕй райстой хайад мадзалы ӕмӕ лӕвӕрттой спикермӕ бирӕ фарстытӕ. Уый фӕстӕ зарӕггӕнӕг сӕххӕст кодта гитарӕйыл цалдӕр музыкалон композицийы. "Кӕд мадзалы райдианы сывӕллӕттӕ чысыл ӕфсӕрмы кодтой, уӕд йӕ кӕронмӕ райхӕлдысты. Иумӕйагӕй та ахӕм мадзӕлттӕ сты пайда, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕрты ӕмхиц кӕнӕм аивадмӕ, культурӕмӕ, райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинадмӕ", - банысан кодта хайады хистӕр.Тасойты Игорь бафтыдта, ӕнгӕс фембӕлдтӕ кӕй цӕудзысты Цхинвалы аннӕ скъолаты дӕр. Проекты уазджытӕ уыдзысты зындгонд гоймӕгтӕ куыд Хуссар, афтӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр.
https://sputnik-ossetia.com/20220420/lavar-kany-pozitiv-dzhioty-magrez--peterburdzhy-ravdysty-tykhkhay-16380498.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/491/16/4911669_78:0:2301:1667_1920x0_80_0_0_2cbbcaaf3a4b478b115526e0d775adae.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны срӕвдз кодтой проект "Хистӕркъласонтӕн Ирыстоны легендарон гоймӕгтӕй", радзырдта Sputnik инициатор, Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайады гӕс Тасойты Игорь.
Мадзӕлтты хайад исдзысты канд музыканттӕ нӕ, фӕлӕ спорстментӕ дӕр, афтӕ ма ӕндӕр зындгонд гоймӕгтӕ дӕр. Фембӕлдтӕ цӕудзысты фарст-дзуапп форматы, уымӕ гӕсгӕ скъоладзаутӕн уыдзӕн фадат цымыдисон фарстытӕ дӕттынӕнӕн.
"Проект райдыдта музыкант, фыццаг ирон рок-группӕ "Бонвӕрон"-ы хайадисӕг Харебаты Вадимы фембӕлдӕй Цхинвлы 6-ӕм скъолайы хистӕркъласонтимӕ. Харебаты Вадим у дӕнцӕг, хуыд хъӕуы адӕймаджы размӕ лӕууӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнын аивады", - загъта Тасойты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ стыр ӕхсызгонӕй райстой хайад мадзалы ӕмӕ лӕвӕрттой спикермӕ бирӕ фарстытӕ. Уый фӕстӕ зарӕггӕнӕг сӕххӕст кодта гитарӕйыл цалдӕр музыкалон композицийы.
"Кӕд мадзалы райдианы сывӕллӕттӕ чысыл ӕфсӕрмы кодтой, уӕд йӕ кӕронмӕ райхӕлдысты. Иумӕйагӕй та ахӕм мадзӕлттӕ сты пайда, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕрты ӕмхиц кӕнӕм аивадмӕ, культурӕмӕ, райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинадмӕ", - банысан кодта хайады хистӕр.
Тасойты Игорь бафтыдта, ӕнгӕс фембӕлдтӕ кӕй цӕудзысты Цхинвалы аннӕ скъолаты дӕр. Проекты уазджытӕ уыдзысты зындгонд гоймӕгтӕ куыд Хуссар, афтӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр.