Куыд бандӕвтой санкцитӕ туризмыл, цы бӕстӕтӕм ис ацӕуӕн улӕфджытӕн – эксперты уынаффӕ

Куыд бандӕвтой санкцитӕ туризмыл, цы бӕстӕтӕм ис ацӕуӕн улӕфджытӕн – эксперты уынаффӕ
Рафыссын
Уалдзыгон хъарм боныгъӕдимӕ ӕрцӕуы улӕфты сезон дӕр. Ацы аз бирӕнымӕц тобӕтӕ ӕмӕ санкцитӕ улӕфджытӕн стыр равзӕрсты фадат нӕ дӕттынц. Уӕрӕсейы туристон агентады альянсы президент Алексан Мкртчян куыд радзырдта радио Sputnikинтервьюйы, уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы кӕцыдӕр регионтыл ацы тобӕтӕ бандӕвтой ӕвӕрццагӕй.
"Иумӕйагӕй, европӕйаг туризмӕн ӕрхастой зиан тобӕтӕ - раздӕр куыд активонӕй цыдысты уыцы бӕстӕтӕм, ахӕм фадат нал ис. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Уӕрӕсейы регионтӕн та, уыцы хыгъды Кавказ ӕмӕ сӕрмагондӕй Ирыстон, уый у пайда", - загъта Мкртчян.
Алексан Мкртчяны ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд раздӕр централон Уӕрӕсейы цӕрджытӕ никуы фехъуыстой Мамысон ӕмӕ Фиагдоны улӕфӕн бынӕтты тыххӕй, уӕд ныр алы туроператоры хыгъдмӕ дӕр сты хаст.
Алексан бауынаффӕ кодта улӕфджытӕн, цӕмӕй фӕсарӕйнаг балцы цӕугӕйӕ, уыдон балхӕной лӕггӕдты иумӕйаг пакет. Уырдӕм хауыц фӕндаджы, уазӕгдоны, экскурситы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр лӕггӕдты хӕрдзтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0