Уалыты Мӕдинӕ: Хуссар Иры президентон æвзæрстысты дебаттæ райдайдзысты майрӕмбоны

Уалыты Мадина: Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ дыккаг туры дебаттæ райдайдзысты майрæмбоны
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ æвзæрстысты дыккаг туры дебаттæ райдайдзысты майрæмбоны, 22 апрелы. Уый тыххæй радио Sputnik радзырдта паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы сæйраг редактор Уалыты Мӕдинӕ.
"Президенты бынатмæ кандидатты дебаттæ цæудзысты иу сахаты бæрц, 21.00 - 22.00 сахатмӕ", - загъта редактор.
Уалыты Мӕдинӕйы ныхæстæм гæсгæ, дебатты фыццаг дыууæ раунды цæудзысты темæтимæ, алæвæрды къухдариуæггæнæг фарстытæ дæтдзæн дыууæ кандидатмæ дæр.
"Æртыккаг темæ уыдзæн сæрибар, кандидаттæн лæвæрд æрцæудзæн рæстæг, цæмæй радзурой сæ программæйы тыххæй", - банысан кодта уый.
Сӕйраг редактор ма куыд бахахх кодта, афтæмæй кандидаттæ хъуамæ æрбацæуой дебаттæм сæхæдæг, æнæ минæвæрттæй.
Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ дыккаг туры дебаттæ куыд цæудзысты, уый тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106. 3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0