Ацы аз ӕгъдаумӕ гӕсгӕ: Цхинвалы банысан кодтой Ӕртгӕнӕнтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanНочь костров
Ночь костров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы изæры банысан кодтой рагон ирон бӕрӕгбон — Ӕртгæнæнтæ. Ацы аз иннӕтӕм абаргӕйӕ уынгты нӕ сыгътой резинӕ, фӕлӕ арт кодтой суг, фӕйнӕджытӕ ӕмӕ ӕхсӕдӕнтӕй, куыд рагзаманты, афтӕ. Экологимӕ аудгӕ ахаст равзӕрстой сӕхӕдӕг адӕм.
"Мидхъуыддӕгты министрад ницы тобӕ сӕвӕрдта, сывӕллӕтыл бандӕвтой хистӕрты фӕдзӕхсттӕ, цӕмӕй мауал судзой зӕронд цӕлхытӕ ӕмӕ горӕт фӕздӕджы бын ма кӕна", - загътой МХМ пресс-службӕйы.
Ирон адæмы рагзамантæй нырмӕ уырны, Артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ. Ацы аз дӕр та сыхты сывӕллӕттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕйаг хъуыддагыл. Алы къуымтӕй скъӕфтой сӕнӕфсиры ӕхсӕдӕнтӕ, къæцæлтæ, кӕцыдӕртӕм бахауд хӕдзары зӕронд хъӕдын дыуӕрттӕ ӕмӕ фӕрсӕгтӕ.
Арты алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм. Ӕгъдау куыд домы афтӕ ӕртӕ гӕппы сӕ арты сӕрты дӕр нал архӕстысты, цалынмӕ зынг ныннымӕг ис, уӕдмӕ.
Чысыл ӕндӕр ахаст ис Ӕртгӕнӕнтӕм хистӕр кары адӕмӕн. Уыдон арты стыр аразынмӕ нӕ тырнынц, фӕлӕ архайынц ӕгъдау сӕххӕст кӕнынмӕ.
"Ӕз ӕй чысылӕй фӕстӕмӕ афтӕ зонын - цӕхӕрадӕтты бырон ӕмбырд цыд, хӕдзары зӕронд дарӕс дӕр хастой ӕмӕ уыдӕттӕй арт кодтой. Ныр дӕр ацы ӕгъдау ӕххӕст кӕнӕм, фарон сыхӕгтимӕ нӕ арты сфыхтам картоф дӕр", - радзырдта ирӕтты уынджы цӕрӕг Тедеты Соня.
Ӕртгæнæнтæ ма фæхонынц Рурæгæнæн дæр æмæ йæ фæнысан кæнынц Сыгъдæг цыппæрæмы размæ æхсæвы.
Ног хабӕртты лентӕ
0