https://sputnik-ossetia.com/20220421/khussar-iry-akhuyrady-ministry-skhorzakhdzhyn-kodtoy-pushkiny-maydanay-uaraseyy-minavarady-16409374.html
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй Уӕрӕсейы минӕварады
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй Уӕрӕсейы минӕварады
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Наталийы цыппӕрӕмы схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй. Схорзӕх кӕныны... 21.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-21T15:42+0300
2022-04-21T15:42+0300
2022-04-21T15:42+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/15/16405732_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_e9ada28cc0fd045f7e50263b204fdab0.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Наталийы цыппӕрӕмы схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй. Схорзӕх кӕныны фӕдыл бардзырдыл йӕ къух ӕрфыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Мадзал уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы Цхинвалы.Министрӕн хорзӕх радта Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, Гасситы Натали йӕ цардӕй бирӕ ӕзтӕ кӕй снывонд кодта республикӕйы уырыссаг культурӕ размӕ кӕнынӕн, уыд дыууӕ паддзахады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕ ӕрнывыл кӕныны инициатор, схъомыл кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ цалдӕр фӕлтӕр.Уый бафтыдта, ацы хорзӕх йӕ адресаты кӕй хъуамӕ ссардтаид ивыгъуыд аз ноябры мӕйы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл арӕнвӕрд мадзӕлтты тыххӕй.Гасситы Натали загъта, ацы бон кӕй у йӕ царды иууыл ирддӕр бонтӕй сӕ иу.Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта Марат Кулахметовӕн ацы хорзӕхы тыххӕй, афтӕ ма йӕ коллегӕтӕн, ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕцыты фӕрцы йын "фадат фӕци йӕхи раргом кӕнын русисты профессийы ӕмӕ балӕвар кӕнын уыцы амонды муртӕ ӕмӕ циндзинад, уырыссаг литературӕ кӕй цымыдис кӕны, уыдонӕн".
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/15/16405732_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_0e0fe0201eb6ca6971e6a52ba037b2d1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, ахуырад
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, ахуырад
Хуссар Иры ахуырады министры схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй Уӕрӕсейы минӕварады
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Наталийы цыппӕрӕмы схорзӕхджын кодтой Пушкины майданӕй. Схорзӕх кӕныны фӕдыл бардзырдыл йӕ къух ӕрфыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Мадзал уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы Цхинвалы.
Министрӕн хорзӕх радта Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, Гасситы Натали йӕ цардӕй бирӕ ӕзтӕ кӕй снывонд кодта республикӕйы уырыссаг культурӕ размӕ кӕнынӕн, уыд дыууӕ паддзахады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕ ӕрнывыл кӕныны инициатор, схъомыл кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ цалдӕр фӕлтӕр.
"Минстрады куыстӕй бӕрӕг у ӕмӕ скъолайы агъоммӕйы уагдӕтты, Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты кӕй фидар кӕны уырыссаг ӕвзаг ахуыр кӕнынад уӕрӕсейаг стандарттӕм гӕсгӕ", - бахахх кодта Кулахметов.
Уый бафтыдта, ацы хорзӕх йӕ адресаты кӕй хъуамӕ ссардтаид ивыгъуыд аз ноябры мӕйы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл арӕнвӕрд мадзӕлтты тыххӕй.
Гасситы Натали загъта, ацы бон кӕй у йӕ царды иууыл ирддӕр бонтӕй сӕ иу.
"Ӕз мӕ профессионалон архайд кӕй снывон кодтон уырыссаг ӕвзаг парахат кӕнынӕн, уый нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ мидӕг нывӕрдтой нӕ ныййарджытӕ, мӕ бӕстӕ, цы ран мадӕлон ӕвзагимӕ иумӕ мах аргъуц кӕнӕм ӕмӕ пропагандӕ кӕнӕм уырыссаг культурӕ", - загъта министр.
Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта Марат Кулахметовӕн ацы хорзӕхы тыххӕй, афтӕ ма йӕ коллегӕтӕн, ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕцыты фӕрцы йын "фадат фӕци йӕхи раргом кӕнын русисты профессийы ӕмӕ балӕвар кӕнын уыцы амонды муртӕ ӕмӕ циндзинад, уырыссаг литературӕ кӕй цымыдис кӕны, уыдонӕн".