Михаилиди Ольга: абон ахсджиаг у баххуыс кӕнын Донбассы цӕрджытæн

Михаилиди Ольга: абон ахсджиаг у баххуыс кӕнын Донбассы цӕрӕг адӕмӕн
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дарддӕр ӕмбырд кӕнынц Донбассы цӕрджытӕн ӕмӕ сӕрмагонд операцийы хайадисӕг ӕфсӕддонӕн гуманитарон ӕххуыс. Цхинвалы 2-аг астӕуккаг скъолайы директор Ольга Михаилиди куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ацы гуманитарон акцимӕ æрбаиу сты ахуыргӕнинӕгтӕ.
"Иумӕйагӕй аскъуыддзаг кодтам, Донбассы цӕрджытӕн баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты тыхс уавӕрты. Ацы акци ахсджиаг ноджы уымӕй у, сывӕллӕттӕ дзы кӕй исынц хайад", - загъта Михаилиди.
Скъолайы директоры нӕхӕстӕм гӕсгӕ, акци цӕуы ныр дыккаг хатт. Фыццаг хатт гуманитарон ӕххуыс арвыстой, сӕрмагонд операцийы цы ӕфсӕддонтӕ исынц хайад, уыдонӕн.
"Информацион фӕрӕзтӕй хъусӕм, Донбассы цӕрджытӕ кӕй сты тыхст уавӕрты ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, гуманитарон акцийы дыккаг парти тымбыл кӕнӕм уыцы адӕмӕн", - банысан кодта директор.
Скъоладзаутæ тымбыл кæнынц хæлцад, хостæ æмæ дзаумæттæ, уыдон сты иууыл ӕнӕмӕнхъӕуӕг Донбассы цӕрджытӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0