Цхинвалы басыгъд хӕдзар. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы басыгъд хӕдзар
Цхинвалы басыгъд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы цыппӕрӕмы райсом басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
"УУМ-мӕ бадзырдтой райсом 5 сахатыл. Фехъусын кодтой, кӕй ссыгъд Черепичныйы уынгыл хӕдзар. Цауы бынатмӕ ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон къорды", - загътой УУМ.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн хӕдзар фервӕзын кӕнын нӕ бантыст.
Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц специалисттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0