"Дефолт махмӕ нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уыдонмӕ". Эксперт саргъ кодта УФ экономикӕйӕн санкциты фоныл

© Photo : pixabayУӕрӕсейаг ӕхца
Уӕрӕсейаг ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik. Ныгуылӕны хъӕуы юридикон ӕфсон, цӕмӕй уӕрӕсейаг валютӕйон резервтӕ кӕронмӕ йӕхи бакӕна, нымайы политолог, Экономикӕйы уӕлдӕр скъолайы профессор Дмитрий Евстафьев, Уӕрӕсейы дефолт уыдзӕн ӕви нӕ, уымӕн комментаритӕ аразгӕйӕ.
Финансты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2022 азы 1 февралы Уӕрӕсейы ӕддагон паддзахадон хӕс уыд $59,5 млрд.
"Дефолт махмӕ нӕ уыдзӕн, дефолт уыдонмӕ уыдзӕн", - банысан кодта профессор.
Сыгъзӕринвалютӕйон резервты кой кӕнгӕйӕ Евстафьев бафиппайдта, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ кӕдӕм ӕххӕссыдысты, уыдон иууылдӕр ныридӕгӕн ӕрцыдысты конфискаци, ӕмӕ ма ныр Ныгуылӕны хъӕуы юридикон ӕгъдауӕй растдӕр ӕфсон, цӕмӕй кӕронмӕ йӕхи схицау кӕна уӕрӕсейаг резервтыл.
"Сӕйрагдӕр та - нӕ олигархты резервтӕ хи бакӕнын", - нымайы уый.
Профессор ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, ис цалдӕр цалдӕр бӕстӕйы, кӕцытимӕ Уӕрӕсейӕн ис контракттӕ, цӕмӕй сӕ хӕстӕ фидой уӕрӕсейаг сомтӕй. Ныр Европӕйаг цӕдис архайы "ацъӕл кӕнын уыцы бӕстӕты, цӕмӕй сомтӕй ма фидой, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕтыл ӕруардзӕн сыгъзӕрин къӕвда, уый адыл та европӕйаг иудзинад ныппырх уыдзӕн".
Раздӕр Финансты министр Антон Силуанов фехъусын кодта, Уӕрӕсе кӕй бафиддзӕн йӕ хӕс валютӕйӕ ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕмӕ йын йӕ валютӕйон хыгъдтӕ куы ссӕрибар кӕной. Науӕд Уӕрӕсецӕттӕ у йӕ валютӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕрмӕстдӕр сомтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0