https://sputnik-ossetia.com/20220422/kuadzn-komakhsn-m-ndrt-kom-y-bynduryl-arzt-dzyrdt--16427071.html
Куадзæн, Комахсæн æмæ æндæртæ: "ком"-ы бындурыл арæзт дзырдтæ
Куадзæн, Комахсæн æмæ æндæртæ: "ком"-ы бындурыл арæзт дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзырд "ком" сарæзта бирæ ног дзырдтæ: комдзаг, комкоммæ, комдæл, æгомыг, цæсгом æмæ æндæртæ. Уымӕй дарддӕр ма нæм ис "ком"-ы бындурыл сырæзгæ цыппар дзырды –... 22.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-22T16:07+0300
2022-04-22T16:07+0300
2022-04-22T16:07+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
культурӕ
дин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16427040_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_4114aeb5a07b11f71b704ac041c4b66b.png
Куадзæн, Комахсæн,æмæ æндæртæ: «ком»-ы бындурыл арæзт дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Куадзæн, Комахсæн,æмæ æндæртæ: "ком"-ы бындурыл арæзт дзырдтæ
Дзырд "ком" сарæзта бирæ ног дзырдтæ: комдзаг, комкоммæ, комдæл, æгомыг, цæсгом æмæ æндæртæ. Уымӕй дарддӕр ма нæм ис "ком"-ы бындурыл сырæзгæ цыппар дзырды – динон бæрæгбонты нæмттæ: Комахсæн, Комбæттæн, Куадзæн, Майрæмкуадзæн. Куадзæн æмæ Майрæмкуадзæнæй абон дæр арæх фæпайда кæнæм, фæлæ Комахсæн æмæ Комбæттæн афтæ арæх нал сты. Уыдон сты мархойы райдайæны бонтæ. Алчи-иу йæ "ком бабаста", ома, мархо дарын райдыдта, нæфæтчиаг нал хордта. Мархо куы фæвæййы, уæд алчи йæ "ком суадзы" (ком-уадзæн – куадзæн), æмæ-иу уӕд бар уыд хæрын алы хæринаг дæр. Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Цæмæн афтæ дзурæм"-мæ гæсгæ. Бæстондæрæй дзырд "ком"-ы тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16427040_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_27dcb2d8d227c135c7bc0fe39023dc99.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , культурӕ, дин, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , культурӕ, дин, аудио
Дзырд "ком" сарæзта бирæ ног дзырдтæ: комдзаг, комкоммæ, комдæл, æгомыг, цæсгом æмæ æндæртæ. Уымӕй дарддӕр ма нæм ис "ком"-ы бындурыл сырæзгæ цыппар дзырды – динон бæрæгбонты нæмттæ: Комахсæн, Комбæттæн, Куадзæн, Майрæмкуадзæн.
Куадзæн æмæ Майрæмкуадзæнæй абон дæр арæх фæпайда кæнæм, фæлæ Комахсæн æмæ Комбæттæн афтæ арæх нал сты. Уыдон сты мархойы райдайæны бонтæ. Алчи-иу йæ "ком бабаста", ома, мархо дарын райдыдта, нæфæтчиаг нал хордта.
Мархо куы фæвæййы, уæд алчи йæ "ком суадзы" (ком-уадзæн – куадзæн), æмæ-иу уӕд бар уыд хæрын алы хæринаг дæр.
Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Цæмæн афтæ дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй дзырд "ком"-ы тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3.