https://sputnik-ossetia.com/20220422/nogdzindt-m-razmtsyd-tskhinvaly-y-kuyst-raydydta-proekt-shkola-realnoy-zhurnalistiki-16424763.html
Ногдзинæдтæ æмæ размæцыд: Цхинвалы йæ куыст райдыдта проект "Школа реальной журналистики"
Ногдзинæдтæ æмæ размæцыд: Цхинвалы йæ куыст райдыдта проект "Школа реальной журналистики"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейӕг журналистты тренингтӕ Цхинвалы ӕрӕмбырд кодтой ӕнӕхъӕн зал. Дзыллон информацийы размӕцыд ӕмӕ ногдзинӕдтӕм йӕ... 22.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-22T13:44+0300
2022-04-22T13:44+0300
2022-04-22T13:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16424616_0:1:1440:811_1920x0_80_0_0_cfa624d4335f63a2046b69563ac2e2b7.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейӕг журналистты тренингтӕ Цхинвалы ӕрӕмбырд кодтой ӕнӕхъӕн зал. Дзыллон информацийы размӕцыд ӕмӕ ногдзинӕдтӕм йӕ хъус чи дары, уыцы журналистты фехуыдтой РХИ Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-центрмӕ.Проект ӕххӕст цӕуы "Россотруднничество"-йы ӕххуысӕй. "Школа реальной журналистики"-йы спикертӕ цхинвайлаг коллегӕты цайдагъ кӕндзысты теоретикон бындуртыл ӕмӕ уадздзысты практикон ахуыртӕ."Ӕз архайын мӕ профессионалон размӕцыдыл, сӕ нымӕцы тренингты дӕр. Ацы ахуыртӕ дӕр мын ахъаз фӕуыдзысты, уӕлдай ӕхсызгон та у уый, ӕмӕ нӕ лекторты нымӕцы сты журналисттӕ, кӕцыты куыстмӕ мӕ хъус дарын ӕдзух. Зӕгъӕм, мыхуыры фӕрӕз "Журналист"-ы кусӕг", - радзырдта "ЮОГУ - пресс"-ы кусӕг Остъаты Зӕринӕ.Мадзалы хайад исынц куыд журналистикӕйы ӕрыгон фӕлтӕр, афтӕ ацы къабазы дӕсгай ӕзтӕ чи кусы, ахӕмтӕ дӕр."Нӕ журналистты бӕрзонд профессионалон ӕмвӕзадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, рӕстӕг хӕссы ногдзинӕдтӕ, ивынц фыссыны стандарттӕ ӕмӕ сын дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ хъуамӕ ӕмдзу кӕной. Бузныг стӕм "Россотрудничество" ӕмӕ нӕ уӕрӕсейӕг коллегӕтӕй ахӕм ахуырты тыххӕй. Нӕ уазджыты командӕ та конд у Уӕрӕсейы хуыздӕр журналисттӕй", - загъта РХИ мыхуыр ӕмӕ информациийы комитеты разамонӕг Хъотайты Мария.Уӕрӕсейаг проект ӕххӕст кӕнынц раздӕры советон цӕдисы республикӕты. Цхинвалы мадзал цӕуы фыццаг хатт, республикӕйы журналисттимӕ куыстӕн хицӕн ӕрцыд дыууӕ боны. Уый ма рахицӕн кодта нырыккон журналисты дыууӕ ахсджиаг фæлтæрды."Фыццаг у арӕхсын аразын истори. Уый хъӕуы кӕцыфӕнды журналисты дӕр. Ӕгӕрыстӕмӕй ӕндӕр платформӕтыл чи кусы, сӕ нымӕцы блогертӕ, уыдоны дӕр. Дыккаг - цифрӕйон трансформаци, кӕцы домы журналисттӕ ӕмӕ ДИФ-ӕй уӕвын ӕппӕт фӕзуатты, цы ран ис сӕ потенциалон аудитори - мессенджерты, социалон хызӕгты", - бахахх кодта уазӕг."Школа реальной журналистики"-йы проект Хуссар Ирыстоны здӕхт у канд журналистты профессионалон ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ ма уый у дарддӕры ӕмгуыстады фыццаг къахдзӕф дӕр."Мадзалы фӕуды фӕстӕ махӕн уыдзӕн проект "Герои поверх границ" ахӕм адӕмы тыххӕй, кӕцытӕ нӕ дуне кӕнынц рухсмӕ. Йӕ уӕлахиздзаутӕ "Россотрудничество"-йы æххуысæй рацӕудзысты стажировкӕ уӕрӕсейаг хуыздӕр ДИФ-ты",- балхынцъ кодта Дмитрий Михайлин.Проект ӕххӕст цӕуы 2018 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы рӕстӕджы ӕрӕмбырд ис журналистты егъау командӕ Фӕссоветон цӕдисы тыгъдады.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/16/16424616_180:0:1261:811_1920x0_80_0_0_57d1db4496fda45783843e417f835a47.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейӕг журналистты тренингтӕ Цхинвалы ӕрӕмбырд кодтой ӕнӕхъӕн зал. Дзыллон информацийы размӕцыд ӕмӕ ногдзинӕдтӕм йӕ хъус чи дары, уыцы журналистты фехуыдтой РХИ Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-центрмӕ.
Проект ӕххӕст цӕуы "Россотруднничество"-йы ӕххуысӕй. "Школа реальной журналистики"-йы спикертӕ цхинвайлаг коллегӕты цайдагъ кӕндзысты теоретикон бындуртыл ӕмӕ уадздзысты практикон ахуыртӕ.
"Ӕз архайын мӕ профессионалон размӕцыдыл, сӕ нымӕцы тренингты дӕр. Ацы ахуыртӕ дӕр мын ахъаз фӕуыдзысты, уӕлдай ӕхсызгон та у уый, ӕмӕ нӕ лекторты нымӕцы сты журналисттӕ, кӕцыты куыстмӕ мӕ хъус дарын ӕдзух. Зӕгъӕм, мыхуыры фӕрӕз "Журналист"-ы кусӕг", - радзырдта "ЮОГУ - пресс"-ы кусӕг Остъаты Зӕринӕ.
Мадзалы хайад исынц куыд журналистикӕйы ӕрыгон фӕлтӕр, афтӕ ацы къабазы дӕсгай ӕзтӕ чи кусы, ахӕмтӕ дӕр.
"Нӕ журналистты бӕрзонд профессионалон ӕмвӕзадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, рӕстӕг хӕссы ногдзинӕдтӕ, ивынц фыссыны стандарттӕ ӕмӕ сын дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ хъуамӕ ӕмдзу кӕной. Бузныг стӕм "Россотрудничество" ӕмӕ нӕ уӕрӕсейӕг коллегӕтӕй ахӕм ахуырты тыххӕй. Нӕ уазджыты командӕ та конд у Уӕрӕсейы хуыздӕр журналисттӕй", - загъта РХИ мыхуыр ӕмӕ информациийы комитеты разамонӕг Хъотайты Мария.
Уӕрӕсейаг проект ӕххӕст кӕнынц раздӕры советон цӕдисы республикӕты. Цхинвалы мадзал цӕуы фыццаг хатт, республикӕйы журналисттимӕ куыстӕн хицӕн ӕрцыд дыууӕ боны.
"Нӕ проекты мидис уый мидӕг ис, ӕмӕ цас профессионалондӕр уа нӕ архайд, уыйбӕрц ӕнгомдӕр уыдзысты фӕссоветон тыгъдады журналисттӕ", - загъта делегацийы разамонӕг, АНО "Русские репортеры"-йы директор Дмитрий Михайлин.
Уый ма рахицӕн кодта нырыккон журналисты дыууӕ ахсджиаг фæлтæрды.
"Фыццаг у арӕхсын аразын истори. Уый хъӕуы кӕцыфӕнды журналисты дӕр. Ӕгӕрыстӕмӕй ӕндӕр платформӕтыл чи кусы, сӕ нымӕцы блогертӕ, уыдоны дӕр. Дыккаг - цифрӕйон трансформаци, кӕцы домы журналисттӕ ӕмӕ ДИФ-ӕй уӕвын ӕппӕт фӕзуатты, цы ран ис сӕ потенциалон аудитори - мессенджерты, социалон хызӕгты", - бахахх кодта уазӕг.
"Школа реальной журналистики"-йы проект Хуссар Ирыстоны здӕхт у канд журналистты профессионалон ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ ма уый у дарддӕры ӕмгуыстады фыццаг къахдзӕф дӕр.
"Мадзалы фӕуды фӕстӕ махӕн уыдзӕн проект "Герои поверх границ" ахӕм адӕмы тыххӕй, кӕцытӕ нӕ дуне кӕнынц рухсмӕ. Йӕ уӕлахиздзаутӕ "Россотрудничество"-йы æххуысæй рацӕудзысты стажировкӕ уӕрӕсейаг хуыздӕр ДИФ-ты",- балхынцъ кодта Дмитрий Михайлин.
Проект ӕххӕст цӕуы 2018 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы рӕстӕджы ӕрӕмбырд ис журналистты егъау командӕ Фӕссоветон цӕдисы тыгъдады.