Уӕрӕсейы ФӔС ӕрурӕдта украинӕйаг диверсантты, кӕцытӕ цӕттӕ кодтой теракт гумконвойы ныхмӕ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæ Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы кусӕг
 Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы кусӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) кусджытӕ ӕрурӕдтой украинаг диверсантты, кӕцытӕ цӕттӕ кодтой теракт уӕрӕсейаг гуманитарон конвой ӕмӕ ӕфсӕддонты ныхмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости Уӕрӕсейы ФӔС ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Теракт, кӕцы цӕттӕ кодтой Украинӕйы ӕдасдзинады службӕйы хӕслӕвӕрдӕй, нывӕндысты сӕххӕст кӕнын рӕмудзӕн ӕрмӕгимӕ хӕдтулгӕйы руаджы.
"Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты бӕрны территорийы аиуварс кодтой украинаг диверсион-террористон къорды архайд, кӕцы ӕххӕст кодта Украинӕйы ӕдасдзинады службӕйы хӕслӕвӕрдӕй теракт уӕрӕсейаг гуманитарон конвой ӕмӕ ӕфсӕддонты ныхмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Вокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Хъырымы не ‘руагътой теракт
Нысангонд ӕцыд, диверсантты ӕмбӕхсӕнты кӕй ссардтой дыууӕ ПЗРК "Игла", 3 гранатометы "РПГИ8", пулемет "ПКМ", автомат "АКМ", пистолет "ПМ", 127 гранатӕйы ("Ф-1", "РГД-5", "РГН"), 18 пехотӕйы ныхмӕ минӕтӕ ("МОН-200", "МОН-50", "ОЗМ-72", "МПМ", "КЗУ"), танкты ныхмӕ минӕ, пластиды 8 килограммы, 42 пырхгӕнӕн ӕмӕ детонаторы ("КД", "ЭД", "МУВ"), фондз мин нӕмыгӕй фылдӕр, пырхгӕнӕн машинӕ"ПМ-4", радиостанцтӕ, афтӕ ма рӕмудзӕн ӕрмӕгимӕ хӕдтулгӕ.
Фыдгӕнджыты фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг ӕхсӕнадӕмон терроризмы актмӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0