Уӕрӕсейы минӕварады радзырдтой, Испанийы цӕмӕннӕ бауагътой ныппырх кӕнын Ксантийы цырт

© Журнал ГОРЕЦМамсыраты Хадзы-Умары цырт
Мамсыраты Хадзы-Умары цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Козаты Диана. Испаниаг горӕт Фуэнлабрадойы депутатон корпусы рабадтыл хорзыл нӕ банымадтой Советон Цӕдисы легендарон Хъайтар, Испанийы граждайнаг хӕсты хайадисӕг, инӕлар-булкъон Мамсыраты Хадзы-Умары цырт ныппырх кӕнын хъӕппӕрис, фехъусын кодтой Sputnik уӕрӕсейаг минӕварады Испанийы.
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, националистон парти VOX депутатон корпусы рабадтыл фӕнд кодта рахӕссын скъуыддзаг, цӕмӕй Мамыраты Хадзы-Умары цырт демонтаж ӕрцӕуа. Хъӕппӕрис аиуварс кодтой социалистты хъӕлӕстӕ фылдӕр кӕй уыдысты, уымӕн.
Уӕрӕсейаг минӕварады пресс-атташе Испанийы Дмитрий Болбот радзырдта Sputnik цырты историйы тыххӕй ӕмӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, кӕй йӕ сӕвӕрдтой фашизмыл уӕлахизыл 70 азы юбилеймӕ.
"Горӕт Фуэнлабрадайы 2015 азы февралы Уӕрӕсейы минӕварад, Россотрудничествойы минӕварад, Дзанайты Азанбеджы номыл культурӕйы фонд ӕмӕ горӕты куъхдариуӕгады ӕххуысы руаджы ацыд инӕлар-булкъон Мамсыраты Хадзы-Умары цырт бакӕныны бӕрӕгбонон церемони. Алчидӕр зоны, ацы хъайтарыл кӕй цӕуы легендӕтӕ, ӕмӕ уый уыд Эрнест Хемингуэйы роман "По ком звонит колокол"-ы сӕйраг хъайтары прототиптӕй сӕ иу", - радзырдта минӕварады кусӕг.
Авд азы фӕстӕ, Испанийы политикон партитӕй сӕ иу рахаста хъӕппӕрис, цӕмӕй ныппырх кӕной ацы цырт. Фӕлӕ, Болботы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хъӕппӕрис хорзыл нӕ банымадтой социалисттӕ ӕмӕ ӕндӕр тыхтӕ.
Уый ма бахахх кодта, Испанийы цытджын ахаст дарынц советон ӕмӕ уӕрӕсейаг зындгонд гоймӕгты цыртдзӕвӕнтӕм ӕмӕ дзы бӕстӕйы территорийыл ис бирӕ.
Мамсыраты Хадзы-Умар (1903 — 1968) хайад иста Испаны æмбæстагон хæсты, афтæ ма советон-финнаг æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Испаны Мамсырайы фырты зоныц "булкъон Ксанти"-йæ, йӕ цардвӕндаг ӕмӕ хъӕбатырдзинӕдты бындурыл фыст ӕрцыд Эрнест Хемингуэйы уацмыс "По ком звонит колокол"-ы сӕйраг хъайтары фӕлгонц.
Ног хабӕртты лентӕ
0