https://sputnik-ossetia.com/20220423/tsy-nysan-kny-iron-vzadzhy-dzyrd-yed-16393286.html
Цы нысан кæны ирон æвзаджы дзырд "йед"?
Цы нысан кæны ирон æвзаджы дзырд "йед"?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Алы дзырдæн дæр ис нысаниуæг, алкæцы дзырд дæр æвдисы цæйдæр ном. Куынæ уаид афтæ, уæд дзырд æвзаджы мидæг нæ сæвзæрид. Уыимæ иумæ, алы æвзаджы дæр ис... 23.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-23T11:43+0300
2022-04-23T11:43+0300
2022-04-23T11:43+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/14/16393232_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_70bda130d43860c0073dee6e0acc1481.png
Цы нысан кæны ирон æвзаджы дзырд «йед»?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цы нысан кæны ирон æвзаджы дзырд "йед"?
Алы дзырдæн дæр ис нысаниуæг, алкæцы дзырд дæр æвдисы цæйдæр ном. Куынæ уаид афтæ, уæд дзырд æвзаджы мидæг нæ сæвзæрид. Уыимæ иумæ, алы æвзаджы дæр ис æввонгхор дзырдтæ. Уыдонæн уыцы ныхасы нысаниуæг ницы ис, сты афтид къæрмæджытæ, фæхонынц сæ дзырдтæ-паразиттæ. Ирон æвзаджы ахæм дзырд у "йед". "Йедау фæу!" нысан кæны ахæм уавæрты, кæй зæгъын æй хъæуы, уым диссагæй ницы ис. Адæймаг мæсты куы уа, уæд фæзæгъы: "Йеды хуызæн!.." Бæлвырд бæрæг нæу, цы æвдисы ам "йед", фæлæ йæ бамбардзыстæм, дзæбæх исты кæй нæ амоны. Стæй ма алы ʼвзаджы дæр ис ахæм дзырдтæ, кæцыты адæмы ʼхсæн дзурын нæ фæччы кæнæ традицимæ гæсгæ, кæнæ та æфсармы æгъдæуттæм гæсгæ. Ахæм лексемӕтӕ хуыйнынц табугонд дзырдтæ. Уыдон бæсты мах фæзæгъæм æндæр дзырдтæ æмæ сæ иу у "йед". Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ. Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106. 3 fm.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/14/16393232_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_9357ceb25db1fe59795dea8ee8ae1440.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Алы дзырдæн дæр ис нысаниуæг, алкæцы дзырд дæр æвдисы цæйдæр ном. Куынæ уаид афтæ, уæд дзырд æвзаджы мидæг нæ сæвзæрид. Уыимæ иумæ, алы æвзаджы дæр ис æввонгхор дзырдтæ. Уыдонæн уыцы ныхасы нысаниуæг ницы ис, сты афтид къæрмæджытæ, фæхонынц сæ дзырдтæ-паразиттæ. Ирон æвзаджы ахæм дзырд у "йед".
"Йедау фæу!" нысан кæны ахæм уавæрты, кæй зæгъын æй хъæуы, уым диссагæй ницы ис. Адæймаг мæсты куы уа, уæд фæзæгъы: "Йеды хуызæн!.." Бæлвырд бæрæг нæу, цы æвдисы ам "йед", фæлæ йæ бамбардзыстæм, дзæбæх исты кæй нæ амоны.
Стæй ма алы ʼвзаджы дæр ис ахæм дзырдтæ, кæцыты адæмы ʼхсæн дзурын нæ фæччы кæнæ традицимæ гæсгæ, кæнæ та æфсармы æгъдæуттæм гæсгæ. Ахæм лексемӕтӕ хуыйнынц табугонд дзырдтæ. Уыдон бæсты мах фæзæгъæм æндæр дзырдтæ æмæ сæ иу у "йед".
Алæвæрд арæзт у Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106. 3 fm.