Ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ адарддӕр уыдзысты Хуссар Иры, хъӕлӕсӕппӕрсты датӕ аивдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanДебаттӕ
Дебаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры датӕ Уӕлдӕр тӕрхондоны скъуыддзагӕй ивд кӕй ӕрцыд, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ къуырисӕры ПТРК "Ир"-ы эфиры къуырисӕры адарддӕр уыдзысты кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия.
Хъӕлӕскӕныны дыккаг тур хъуамӕ ацыдаид цыппӕрӕмы, 28 апрелы. Фӕлӕ ивгъуыд къуыри тӕрхондонмӕ куырдиат бадӕттой Хуссар Ирыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕппынӕдзух цӕрынц Дзӕуджыхъӕуы. Уыдон ӕрдомдтой, цӕмӕй ӕвзӕрстытӕ ацӕуой хуыцаубоны. Сабаты Уӕлдӕр тӕрхондон аивта хъӕлӕскӕныны датӕ ӕмӕ бахӕс кодта ӕвзарӕн къамисӕн ног датӕ снысан кӕнын.
"Президенттӕм кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ адарддӕр уыдзысты раздӕр сфидаргонд нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Уыдон ацӕудзысты къуырисӕр ӕмӕ дыццӕджы", - загъта Гӕджиты Эмилия.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ ахызтысты парти "Ныхас"-ы раздзон Гаглойты Алан (38,55%) ӕмӕ бӕстӕйы архайгӕ сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий (34,95%).
Ног хабӕртты лентӕ
0