Хæстон эксперт: Украинæ Ныгуылæнæн ссис цавæрдæр сау цъасс

Хæстон эксперт: ссардæуыд фæсарæйнаг паддзахадты маркировкæимæ асыччыты хæцæнгæрзы æвæрд
Рафыссын
Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд операцийы фыццаг этапы фæуды хатдзæгтæм гæсгæ ссæрибар сты Донецк æмæ Луганскы облæстты фылдæр хӕйттӕ. Уый тыххæй радио Sputnik радзырдта хæстон эксперт Дмитрий Литовкин.
Эксперт куыд радзырдта, афтæмæй горæт Мариуполь ныридæгæн у сæрибар, ныр УФ Гарзджын тыхтæ райдыдтой украинæйаг æфсæддон тыхтыл æрхъула æмæ куынæг кæныны операци.
Дмитрий Литовкины ныхæстæм гæсгæ, Украинæйы хӕцӕнгарзæй ифтонг кӕнынц Польшӕ, Словаки, Германи. АИШ-ы та зæгъынц, кæй нæ зонынц, цы фæвæййы хæстон техникæ, Украинæйы арæнты куы ахизы, уый фæстæ. Иу дзырдæй, Украинæ Ныгуылæнæн ссис цавæрдæр сау цъасс
Банысан кодта эксперт уый дæр, æмæ Германи кæй фӕкъаддӕр кодта хæстон æрмæгæй ифтонг кæныны хъуыддаджы йе ‘ххуыс.

"Нæ телеканалтæй иуы фенын кодтой егъау æвæрæн Харьковы районы, бацахстой йæ УФ æфсæддон тыхтæ, ссардтой дзы тынг бирæ хæстон æрмæг, сæ асыччытыл та фæсарæйнаг паддзахадты маркировкæ", - банысан кодта эксперт.

Мариуполы завод "Азовсталь"-ы уавæрыл дзургӕйӕ, Литовкин банысан кодта, растыл кӕй нымайы штурм аивыны скъуыддзаг.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны, 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0