Къуаисайы командӕ рамбылдта ӕппӕтреспубликон ерыстӕ волейболӕй

© Photo : Пресс-служба Дзауского районаВолейболӕй турнир Дзауы
Волейболӕй турнир Дзауы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы уагъд цӕуӕг ерыстӕ волейболӕй рамбылдта Къуаисайы команда, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.
© Photo : Пресс-служба Дзауского районаВолейболӕй турнир Дзауы
Турнир по волейболу в Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Волейболӕй турнир Дзауы
Ӕдӕппӕтӕй ерысты стох кодта ӕхсӕз командӕйы - Къуаисайы, Дзауы районы спорты хайады, астӕуккаг скъолайы ӕмӕ мидхъуыддӕгты районы дӕлхайады командӕтӕ, стӕй ма Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ӕмӕ цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы командӕтӕ.
"Къуаисайӕгтӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, дыккаг бынатыл ацыд районы спорты хайад, турниры ӕртыккаг призер та уыд цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы къорд. Турниры хуыздӕр хъазӕг ссис ӕвзонг чызг Зассеты Алана, кӕцы хъазыд Къуаисайы сконды", - загъта Тедеты Лиана.
Ӕппӕтреспубликон ерыстӕ цӕуынц ӕрвылаз.
© Photo : Пресс-служба Дзауского районаВолейболӕй турнир Дзауы
Турнир по волейболу в Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Волейболӕй турнир Дзауы
Ног хабӕртты лентӕ
0