Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ӕхсӕвмӕ скуынӕг кодтой националистты фӕткдаруаты цыппар пункты

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæРакетон комплекс "Искандер"
Ракетон комплекс Искандер  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков райсомы брифингыл фехъусын кодта, ӕхсӕвы дӕргъы ракетон ӕфсӕдтӕ кӕй скуынӕг кодтой националистты фӕткдаруаты цыппар пункты.
"Скуынӕг кодтой 240 ӕфсӕддонӕй фылдӕр, афтӕ ма бронетехникӕ, артилеррион сармадзантӕ ӕмӕ хӕдтулгӕты 28 иуӕджы", - банысан кодта уагдоны минӕвар.
Афтӕ ма артиллерийы дӕлхайӕдтӕ иу суткӕмӕ сӕххӕст кодтой 967 хӕслӕвӕрды. Скуынӕг кодтой: фӕткдаруаты 33 пункты, 929 ӕнцайӕн пункты, уымӕй дарддӕр ма ракетон-артиллерион ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты фондз ӕфтауцы.
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй ӕдӕппӕт скуынӕг кодтой: 141 хӕдтӕхӕджы, 110 вертолеты, 566 ӕнтӕпилотон тӕхӕг аппараты, 265 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 2526 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 283 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1096 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 2362 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0